Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Апостолты хъуыддӕгтӕ 9:40 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

40 Петр се ’ппӕты дӕр рарвыста уатӕй, ӕрзоныг кодта ӕмӕ бакуывта. Уый фӕстӕ разылди мардмӕ ӕмӕ загъта: «Тавифӕ, рабад». Тавифӕ байгом кодта йӕ цӕстытӕ, федта Петры ӕмӕ рабадти.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Апостолты хъуыддӕгтӕ 9:40
14 Iomraidhean Croise  

Пехуымпар Исайа Дунедарӕгмӕ скуывта, ӕмӕ Ахазы конд асиныл дӕс къӕпхӕны бӕрц цы аууон ӕрцыд, уый сыл Дунедарӕг фӕстӕмӕ ссӕуын кодта.


Ды та, куы фӕкувыс, уӕд бацу дӕ уатмӕ, сӕхгӕн дӕ дуар ӕмӕ скув, цӕстӕй Кӕй нӕ уыныс, дӕ уыцы Фыдмӕ. Ӕмӕ дӕ Фыд, сусӕг хъуыддӕгтӕ уынӕг, дӕу схорзӕхджын кӕндзӕн ӕргомӕй.


Адӕмы ӕддӕмӕ куы рарвыстой, уӕд Йесо бацыди, чызджы къухыл рахӕцыд, ӕмӕ чызг рабадти.


Йесо адӕмы ӕрбацӕйзгъоргӕ куы федта, уӕд ӕнӕзӕгъинагӕн карзӕй загъта: «Ӕгомыг ӕмӕ къуырма уд! Ӕз дын бардзырд дӕттын: рахиз дзы ӕмӕ йӕ мидӕг макуыуал бацу».


Йӕхӕдӕг, дур кӕйонг фехсӕн ис, уый бӕрц дӕрддзӕфӕн иуварс ацыди уыдонӕй, ӕрзоныг кодта ӕмӕ скуывта:


Фӕлӕ йын Йесо рахӕцыд йӕ къухыл ӕмӕ хъӕрӕй загъта: «Мӕнӕ чызг, рабад!»


Уыцы ныхӕсты фӕстӕ Павел ӕрзоныг кодта ӕмӕ бакуывта се ’ппӕтимӕ дӕр.


Фӕлӕ афон куы ӕрцыд, уӕд мах араст стӕм дарддӕр. Ахуыргӕнинӕгтӕ се ’ппӕт дӕр ӕд устытӕ ӕмӕ ӕд сывӕллӕттӕ нӕ фӕдыл фӕссахармӕ рацыдысты. Денджызы былгӕрон ӕрзоныг кодтам ӕмӕ скуывтам.


Публийы фыд сади тӕвдниз ӕмӕ гуыбыннизӕй. Павел ӕм бацыд, бакуывта, ӕрӕвӕрдта йыл йӕ къухтӕ ӕмӕ йӕ сдзӕбӕх кодта.


Стӕй ӕрхауди йӕ зонгуытыл ӕмӕ хъӕрӕй ныууынӕргъыдта: «Дунедарӕг, ныббар сын ацы тӕригъӕд». Уыцы ныхӕстимӕ Стефан амард.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan