Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Апостолты хъуыддӕгтӕ 9:39 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

39 Петр рацыди семӕ. Куы ӕрбахӕццӕ, уӕд ӕй уӕллаг уатмӕ бахуыдтой. Ам ыл идӕдз устытӕ ӕрӕмбырд сты, куыдтой ӕмӕ йын ӕвдыстой, Сычъи се ’хсӕн куы царди, уӕд сын цы хӕдӕттӕ ӕмӕ пӕлӕзтӕ бахуыдта, уыдон.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Апостолты хъуыддӕгтӕ 9:39
26 Iomraidhean Croise  

Кӕут Саулыл, Израилы чызджытӕ! — зынаргъ даритӕй уӕ уый фӕлыста, зӕрин фӕлындӕнтӕ уын уый хаста!


Рӕстуды арфӕгондӕй мысдзысты, тӕригъӕдджынӕн йӕ кой дӕр нал баззайдзӕн.


Дӕ бон цыдӕриддӕр у, уый кӕн, уымӕн ӕмӕ мӕрдтыбӕстӕм куы ацӕуай, уӕд дын уым кусын, хъуыды кӕнын ӕмӕ куырыхон уӕвынӕн фадат нӕ уыдзӕн.


Уӕд Йесо загъта: «О ӕнӕуырнӕг ӕмӕ хӕлд фӕлтӕр! Цас ма уыдзынӕн уемӕ? Цас ма уын быхсдзынӕн? Ардӕм Мӕм ӕй ӕрбакӕнут».


Уымӕн ӕмӕ мӕгуыртӕ ӕдзух уӕ фарсмӕ сты, Ӕз та ӕдзух уемӕ нӕ уыдзынӕн.


Сылгоймаг, йӕ бон цы уыди, уый бакодта: Мӕ баныгӕныны размӕ Мын Мӕ буар хӕрздӕфгӕнӕнӕй байсӕрста.


Уый фӕстӕ сын загъта: «Уемӕ ма куы уыдтӕн, уӕд уын Ӕз уымӕн дзырдтон, Моисейы Ӕгъдау, пехуымпарты чингуытӕ ӕмӕ псаломты Мӕн тыххӕй цы загъд ис, ӕппӕт уыдӕттӕ хъуамӕ сӕххӕст уой, зӕгъгӕ».


Мӕгуыртӕ ӕдзух уӕ фарсмӕ сты, Ӕз та ӕдзух уемӕ нӕ уыдзынӕн».


Ӕз цалынмӕ семӕ уыдтӕн, уӕдмӕ сӕ хъахъхъӕдтон, Ды Мын кӕй радтай, Дӕ уыцы номы хъаруйӕ. Ӕз сӕ бахъахъхъӕдтон, ӕмӕ дзы ничи фесӕфти, мӕлӕтӕн гуырды йеддӕмӕ, цӕмӕй сӕххӕст уа, Сыгъдӕг Фыст цы зӕгъы, уый.


Куы ӕрбаздӕхтысты, уӕд уӕллаг уатмӕ ссыдысты ӕмӕ уым баззадысты — Петр ӕмӕ Иоанн, Йаков ӕмӕ Андрей, Филипп ӕмӕ Фома, Варфоломей ӕмӕ Матфей, Алфейы фырт Йаков, Симон Зилот ӕмӕ Йаковы ӕфсымӕр Иудӕ.


Ӕз уын алцӕмӕй дӕр равдыстон, афтӕ кусгӕйӕ кӕй хъӕуы лӕмӕгътӕн ӕххуыс кӕнын ӕмӕ Бардарӕг Йесойы ныхӕстӕ зӕрдыл дарын, уымӕн ӕмӕ Уый Йӕхӕдӕг загъта: „Райсынӕй раттын хуыздӕр у“».


Ахуыргӕнинӕгты нымӕцыл куы ӕфтыд, уӕд бердзенаг ӕвзагыл дзурӕг дзуттӕгтӕ райдыдтой хъуыр-хъуыр кӕнын бынӕттон дзуттӕгтыл, ӕрвылбоны ӕххуыс куы фӕуарынц, уӕд сын сӕ идӕдз сылгоймӕгты хъулон кӕнынц, зӕгъгӕ.


Стефаны та баныгӕдтой Хуыцауыл ӕнувыд лӕгтӕ ӕмӕ йыл тынг фӕкуыдтой.


Петр ӕм бадардта йӕ къух, схӕцыд ыл, ӕмӕ Тавифӕ йӕ къӕхтыл слӕууыд. Стӕй Петр фӕдзырдта сыгъдӕджытӕм ӕмӕ идӕдз сылгоймӕгтӕм, сӕ разы сын ӕй цардӕгасӕй ӕрлӕууын кодта.


Нӕ къух цас амоны, уый бӕрц зӕрдиагӕй куы дӕттӕм, уӕд уый Хуыцауӕн фӕндон у; цы нӕм нӕй, уый Хуыцау нӕ домы.


Чи давта, уый мауал давӕд, уый бӕсты кусӕд, йӕхи къухтӕй пайдайаг хъуыддӕгтӕ кӕнӕд, ӕмӕ йӕм уа, хъуаг чи ӕййафы, уымӕ фӕкӕсыны фаг дӕр.


нӕ Фыд Хуыцауы раз, мах иудадзыг нӕ зӕрдыл дарӕм, уӕ уырнындзинад уӕ цы хъуыддӕгтӕм разӕнгард кӕны ӕмӕ уарзтимӕ нӕ Бардарӕг Йесо Чырыстийы ныфсӕй цы фӕллой кӕнут ӕмӕ куыд ӕнӕфӕцудгӕ стут, уый.


Мӕн фӕнды, ӕфсымӕртӕ, цӕмӕй сымах зонат, чи амарди, уыдоны тыххӕй ӕмӕ, зӕрдӕдарӕн кӕмӕн нӕй, уыдонау хъынцъымы ма ӕфтат.


Ӕххуыс кӕн, иунӕгӕй чи баззад, уыцы идӕдз сылгоймӕгтӕн.


Иунӕгӕй чи баззади, уыцы идӕдз ус йӕ зӕрдӕ дары ӕрмӕст Хуыцауыл, ӕхсӕвӕй-бонӕй кувы ӕмӕ куры.


Мӕ хуртӕ, уӕдӕ кӕрӕдзийы дзыхӕй ма уарзӕм, фӕлӕ нын зӕрдиаг кӕй у, уый равдисӕм хъуыддагӕй.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan