32 Петр сахартыл куы зылди, уӕд бабӕрӕг кодта Лиддӕйы сахары цӕрӕг сыгъдӕджыты.
Елпаалы фырттӕ: Евер, Мишам ӕмӕ Шемед. Шемед сарӕзта Оно ӕмӕ Лод йӕ алыварс хъӕутимӕ.
Лодӕй, Хадидӕй ӕмӕ Онойӕ рацӕуджытӕ — авдсӕдӕ дыууын фондз;
Лоды, Онойы, Харашимы дӕлвӕзы.
Лод, Хадид ӕмӕ Онойы мыггӕгтӕй — авдсӕдӕ дыууын иу;
Басгӕрстай мын мӕ зӕрдӕ, ӕхсӕвыгон мӕ бафӕлвӕрдтай ӕмӕ мӕм ницы ссардтай хӕрамӕй: мӕ хъуыдытӕ нӕ хицӕн кӕнынц мӕ ныхӕстӕй.
Уый хъахъхъӕны раст адӕмы фӕндӕгтӕ, ӕнувыд Ыл чи у, уыдоны цӕуӕнтӕ.
Ингӕнтӕ байгом сты, ӕмӕ мард сыгъдӕджытӕй бирӕтӕ райгас сты.
Фӕлӕ Сыгъдӕг Удӕй куы схайджын уат, уӕд уӕм фӕзындзӕни тых, ӕмӕ Мын ӕвдисӕнтӕ уыдзыстут Йерусалимы ӕмӕ ӕгас Иудейы, Самарийы ӕмӕ суанг арвы кӕрӕттӕм».
Ӕмӕ уӕвгӕ дӕр афтӕ кодтон Йерусалимы. Алчертӕй бар райстон, афтӕмӕй бирӕ сыгъдӕджыты бакодтон ахӕстӕтты; мӕлӕты тӕрхон сын-иу куы хастой, уӕд хъӕлӕс кодтон сӕ амарыныл.
Апостолтӕ Йерусалимы куы фехъуыстой, самариӕгтӕ Хуыцауы Дзырдыл баууӕндыдысты, зӕгъгӕ, уӕд сӕм арвыстой Петр ӕмӕ Иоанны.
Петр ӕмӕ Иоанн уым Йесойы тыххӕй уацамынд куы фӕкодтой ӕмӕ Бардарӕджы Ныхас куы фӕцамыдтой, уӕд фӕстӕмӕ ацыдысты Йерусалиммӕ. Сӕ фӕндагыл бирӕ самариаг хъӕуты хъусын кодтой Фарны Уац.
Ананиа дзуапп радта: «Бардарӕг, ацы адӕймагӕн йӕхи тыххӕй дӕр, стӕй Дӕ сыгъдӕджытӕн Йерусалимы цас фыдмитӕ фӕкодта, уый тыххӕй дӕр бирӕтӕй фехъуыстон.
Ам фембӕлд иу лӕгыл, йӕ ном — Еней. Уый ӕндзыгнизӕй сади — аст азы дӕргъы йӕ хуыссӕнӕй нӕ сыстад.
Петр ӕм бадардта йӕ къух, схӕцыд ыл, ӕмӕ Тавифӕ йӕ къӕхтыл слӕууыд. Стӕй Петр фӕдзырдта сыгъдӕджытӕм ӕмӕ идӕдз сылгоймӕгтӕм, сӕ разы сын ӕй цардӕгасӕй ӕрлӕууын кодта.
Ӕз сидын, Хуыцау кӕй бауарзта ӕмӕ кӕй ӕрхуыдта, Ромы уыцы сыгъдӕджытӕм се ’ппӕтмӕ дӕр. Хорзӕх ӕмӕ уын фарн нӕ Фыд Хуыцауӕй ӕмӕ Бардарӕг Йесо Чырыстийӕ.
Павелӕй, Хуыцауы фӕндӕй Йесо Чырыстийы апостолӕй — Йесо Чырыстийыл иузӕрдион чи у, Эфесы уыцы сыгъдӕджытӕм.
Павел ӕмӕ Тимофейӕ, Йесо Чырыстийы цагъартӕй, — Йесо Чырыстиимӕ удӕнгом чи у, Филиппты уыцы сыгъдӕджытӕм, аргъуаны хистӕртӕм ӕмӕ диакъонтӕм.