3 Фӕндагыл ма куы уыд ӕмӕ Дамаскмӕ куы баввахс, уӕд ыл уӕларвӕй ӕваст рухс ӕртыхсти.
Зарут Ын, зарджыты Йӕ сыстаут, хъусын Ын кӕнут Йӕ диссӕгтӕ.
Фӕндагыл ма куы уыдтӕн ӕмӕ Дамаскмӕ куы баввахс дӕн, уӕд мыл ӕмбисбонмӕ хӕстӕг ӕваст ӕртыхст тӕмӕнкалгӕ рухс уӕларвӕй.
Ананиа араст, бацыди хӕдзармӕ, Савлыл ӕрӕвӕрдта йӕ къухтӕ ӕмӕ загъта: «Ме ’фсымӕр Савл, ды фӕндагыл куы уыдтӕ, уӕд дӕм Чи раргом, уыцы Бардарӕг Йесо мӕ рарвыста, цӕмӕй цӕстӕй ракӕсай ӕмӕ схайджын уай Сыгъдӕг Удӕй».
Уӕд ӕй Варнавӕ акодта апостолтӕм ӕмӕ сын радзырдта, Савл фӕндагыл Бардарӕджы куыд федта, Бардарӕг йемӕ куыд дзырдта ӕмӕ Дамаскы Йесойы номыл ныфсджынӕй адӕмы куыд ахуыр кодта, ӕппӕт уыдӕттӕ.
Се ’ппӕты фӕстӕ, ӕфтыддагмӕ фӕзынӕгау, фӕзынди мӕнмӕ дӕр.
Ау, ӕз апостол нӕ дӕн? Ау, ӕз сӕрибар нӕ дӕн? Ӕз нӕ Бардарӕг Йесо Чырыстийы нӕ федтон, ӕви? Ӕз Бардарӕджы сӕраппонд цы фӕллой бакодтон, сымах уый не стут, ӕви?
Уый у, бацӕуӕн кӕдӕм нӕй, ахӕм рухсы Чи цӕры, адӕмӕй Кӕй ничи федта ӕмӕ фенӕн Кӕмӕн нӕй, уыцы Хуыцау. Ӕнӕмӕлгӕ ӕрмӕст Уый у. Йӕ кад ӕмӕ Йӕ паддзахад — ӕнустӕм! Аммен.
Рухсы тыххӕй сахары нӕ хъӕуы нӕдӕр хур, нӕдӕр мӕй. Уымӕн ӕмӕ йӕ ныррухс кодта Хуыцауы кад, Уӕрыкк та у йӕ рухсгӕнӕн.
Уым ӕхсӕв нӕ уыдзӕн, нӕ дзы хъӕудзӕн нӕдӕр рухсгӕнӕн, нӕдӕр хуры рухс, уымӕн ӕмӕ сын рухс кӕндзӕн Бардарӕг Хуыцау; ӕмӕ паддзахиуӕг кӕндзысты мыггагӕй-мыггагмӕ.