Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Апостолты хъуыддӕгтӕ 9:21 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

21 Чи йӕм хъуыста, уыдон дисы ӕфтыдысты ӕмӕ фарстой: «Ай, Йесойы ном чи ары, уыдоны Йерусалимы чи ӕфхӕрдта, уый нӕу, ӕви? Ардӕм дӕр уыдоны ӕрцахсынмӕ ӕмӕ сӕ алчертӕм акӕнынмӕ не ’рбацыд, ӕви?»

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Апостолты хъуыддӕгтӕ 9:21
20 Iomraidhean Croise  

йӕ заманы рӕстуд фӕрнӕйдзагӕй цӕрӕд! Цалынмӕ мӕй рухс кӕны, уӕдмӕ зӕхх амондӕй йедзаг уӕд.


Мӕнӕ ӕз ӕмӕ мын Дунедарӕг кӕй радта, уыцы хъӕбултӕ. Мах Израилӕн стӕм ӕвдисӕйнӕгтӕ Уӕларвӕфсады Бардарӕгӕй, Сионы хохыл цӕрӕгӕй. Мах стӕм Сионы хохыл цӕрӕг Уӕларвӕфсады Бардарӕджы ӕвдисӕйнӕгтӕ ӕмӕ рагнысӕнттӕ Израилӕн.


Уӕдӕ байхъус, стыр алчер Йешуа! Дӕ бакомкоммӕ цы алчертӕ бадынц, уыдон дӕр Мӕ фехъусӕнт, Мӕ нысанӕн ӕвдисӕнтӕ сты уыдон. Мӕнӕ Ӕз ӕрбакӕнын Ӕвзар, Мӕ лӕггадгӕнӕджы.


Нӕй хин Йаковы ныхмӕ, ӕдых у кӕлӕн Израилы ныхмӕ. Дзурдзысты ныр Йаковӕй, Израилӕй: „Уынут, Хуыцау цытӕ кӕны!“


Иууылдӕр рохстӕй аззадысты ӕмӕ кӕрӕдзийы дисгӕнгӕ фарстой: «Уый, цымӕ, цы уа?»


ӕмӕ уынӕрмӕ бирӕ адӕм ӕрбамбырд ис. Сӕхи ӕвзӕгтыл дзургӕ сӕ куы фехъуыстой, уӕд дисы бафтыдысты


Базыдтой йӕ: Кувӕндоны Рӕсугъд дуары цур цы мӕгуыргур лӕг уыди, уый у. Цы йыл ӕрцыди, уый сӕ дисы бафтыдта.


Иудейаг хицӕуттӕ куы бакастысты, Петр ӕмӕ Иоанн куыд ныфсхаст сты, уымӕ, стӕй, ӕнахуыргонд ӕмӕ хуымӕтӕг адӕймӕгтӕ кӕй сты, уый куы федтой, уӕд раздӕр бадис кодтой, фӕлӕ стӕй бамбӕрстой, Йесоимӕ чи уыд, уыдонӕй кӕй уыдысты, уый.


Стефаныл цавтой дуртӕ, уый та куывта: «Бардарӕг Йесо, мӕ уд Де уазӕг».


Савл карз тох райдыдта аргъуаны ныхмӕ, хӕдзӕрттыл зылди, уырнӕг нӕлгоймӕгтӕ ӕмӕ сылгоймӕгты ахста ӕмӕ-иу сӕ ахӕстоны бакодта.


Савлӕн йӕ ныхас кодта тыхджынӕй-тыхджындӕр, ӕмӕ-иу дамаскаг иудейӕгтӕ фӕуыргъуыйау сты, Йесо Чырысти кӕй у, уый тыххӕй-иу сын куы дзырдта, уӕд.


куы ’рцӕуа, уӕд. Уыцы бон Ӕй скадджын кӕндзысты Йӕ сыгъдӕджытӕ, Чи Йыл баууӕндыд, уыдон се ’ппӕт дӕр фендзысты Йӕ намыс, уыдонимӕ сымах дӕр, уымӕн ӕмӕ баууӕндыдыстут нӕ ныхасыл.


Кӕсут-ма, Фыд нын цы уарзт балӕвар кодта, уымӕ, цӕмӕй хӕссӕм Йӕ хъӕбулты ном. Ӕмӕ, ӕцӕгдӕр, Йӕ хъӕбултӕ стӕм. Дуне Хуыцауы кӕй нӕ базыдта, мах дӕр уый тыххӕй нӕ зоны.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan