Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Апостолты хъуыддӕгтӕ 9:19 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

19 Уый фӕстӕ бахордта ӕмӕ йӕм йӕ хъарутӕ раздӕхтысты. Савл иу къорд боны фӕци, Дамаскы чи уыд, уыцы ахуыргӕнинӕгтимӕ.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Апостолты хъуыддӕгтӕ 9:19
11 Iomraidhean Croise  

Уӕдӕ хъӕлдзӕгӕй дӕ хойраг хӕр ӕмӕ цингӕнгӕйӕ сӕн нуаз, уымӕн ӕмӕ уый Хуыцауӕн ӕхсызгон у.


Ӕнӕхъӕн аз аргъуаны фесты ӕмӕ ахуыр кодтой бирӕ адӕмы. Ахуыргӕнинӕгты фыццаг хатт чырыстӕттӕ схуыдтой Антиохийы.


Уӕд ахуыргӕнинӕгтӕ баныхас кодтой, кӕмӕн куыд йӕ бон у, афтӕ се ’ххуысы хай Иудейы цӕрӕг ӕфсымӕртӕн арвитыны тыххӕй.


Фыццаг амыдтон Дамаскы цӕрджытӕн, уый фӕстӕ Йерусалимы цӕрджытӕн, стӕй ӕппӕт иудейаг бӕстӕйы ӕмӕ муртаттӕгтӕн, цӕмӕй ӕрфӕсмон кӕной сӕ тӕригъӕдтыл, раздӕхой Хуыцаумӕ ӕмӕ, кӕй ӕрфӕсмон кодтой, уый ӕвдисой хорз хъуыддӕгтӕй.


Ӕмӕ йын цыма уайтагъд йӕ цӕстытӕй хӕрв систӕуыд, афтӕ ӕваст цӕстӕй ракасти, сыстад, ӕмӕ йыл саргъуыдӕуыд.


Савл ӕрбацыд Йерусалиммӕ ӕмӕ архайдта, цӕмӕй ахуыргӕнинӕгтимӕ баиу уа, ууыл. Фӕлӕ дзы се ’ппӕт дӕр тарстысты — ахуыргӕнинаг кӕй у, уый сӕ нӕ уырныдта.


Лиддӕ Яффомӕ хӕстӕг уыд, ӕмӕ, ахуыргӕнинӕгтӕ куы фехъуыстой, Петр уым ис, зӕгъгӕ, уӕд ӕм арвыстой дыууӕ адӕймаджы, цӕмӕй йын зӕгъой: «Рацу нӕм ӕвӕстиатӕй».


Мӕ размӕ апостол чи сси, уыдонмӕ нӕ ацыдтӕн Йерусалиммӕ, фӕлӕ ацыдтӕн Аравимӕ, уырдыгӕй та ӕрбаздӕхтӕн Дамаскмӕ.


Легъуийы хустӕ ӕмӕ йын дыууӕ чисмис гуылы ӕрӕвӕрдтой. Куы бахордта, уӕд мысыраг йе ’муд ӕрцыд, уымӕн ӕмӕ ӕртӕ боны ӕмӕ ӕртӕ ӕхсӕвы хойраг ӕмӕ доны хъӕстӕ нӕ фӕци.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan