Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Апостолты хъуыддӕгтӕ 8:4 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

4 Чи ныххӕлиу, уыцы уырнджытӕ та уыцы рӕстӕг, кӕдӕмдӕриддӕр цыдысты, уым хъусын кодтой Фарны Уац.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Апостолты хъуыддӕгтӕ 8:4
8 Iomraidhean Croise  

Иу сахары уӕ куы ӕфхӕрой, уӕд-иу лидзут иннӕмӕ. Ӕцӕг цы у, уый уын зӕгъын: Израилы сахартыл зылд нӕма фӕуыдзыстут, афтӕ Адӕймаджы Фырт ӕрцӕудзӕн.


тӕккӕ райдианӕй сӕ йӕхи цӕстӕй чи федта ӕмӕ Хуыцауы ныхас адӕммӕ чи хӕццӕ кодта, уыдоны уылты.


Стефаны мӕлӕты фӕстӕ сӕ ӕфхӕрын куы райдыдтой, уӕд, уырнджытӕй чи ныххӕлиу, уыдон бахӕццӕ сты Финикимӕ, Кипрмӕ ӕмӕ Антиохимӕ. Хуыцауы Дзырд амыдтой ӕрмӕстдӕр иудейӕгтӕн.


Павел ӕмӕ Варнавӕ та баззадысты Антиохийы, бирӕ ӕндӕр ӕфсымӕртимӕ амыдтой адӕмӕн ӕмӕ хъусын кодтой Бардарӕджы ныхас.


Стефаны кӕй амардтой, уый Савл растыл нымадта. Уыцы бонӕй фӕстӕмӕ Йерусалимы аргъуаны уӕнгты тынг ӕфхӕрын райдыдтой, ӕмӕ, апостолтӕй фӕстӕмӕ, се ’ппӕт дӕр ныххӕлиу сты Иудей ӕмӕ Самарийы алы къуымты.


Фӕлӕ сын Филипп Хуыцауы Паддзахады ӕмӕ Йесо Чырыстийы номы тыххӕй уац куы фехъусын кодта, уӕд ыл баууӕндыдысты, ӕмӕ саргъуыдӕуыд нӕлгоймӕгтыл дӕр ӕмӕ сылгоймӕгтыл дӕр.


Куыд зонут, афтӕмӕй нӕ амӕй размӕ Филиппты бафхӕрдтой ӕмӕ дзы хъизӕмӕрттӕ бавзӕрстам, фӕлӕ нӕ Хуыцауы фӕрцы нӕ ныфс бахастам сымахӕн Йӕ Фарны Уац хъусын кӕнынмӕ, кӕд нӕ ныхмӕ тынг карзӕй лӕууыдысты, уӕддӕр.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan