Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Апостолты хъуыддӕгтӕ 8:34 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

34 Евнух бафарста Филиппы: «Курын дӕ, ӕмӕ мын зӕгъ: пехуымпар афтӕ кӕй тыххӕй зӕгъы? Йӕхи ӕви ӕндӕр искӕй тыххӕй?»

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Апостолты хъуыддӕгтӕ 8:34
6 Iomraidhean Croise  

Йесо адӕмы ауагъта ӕмӕ хӕдзармӕ ӕрбаздӕхти. Уӕд Ӕм бацыдысты Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ ӕмӕ Йӕм бахатыдысты: «Бамбарын нын кӕн фӕсномыг ныхас хӕмпӕлгӕрдӕджы тыххӕй».


Уӕд Ӕм Петр бахатыди: «Бамбарын нын кӕн ацы фӕсномыг ныхас».


Ӕмӕ Филипп араст ис. Уыцы рӕстӕг сӕхимӕ здӕхти эфиопаг евнух, Кандакийы, ома эфиопаг ус-паддзахы, фӕсдзӕуин, стыр хицау — йӕ хӕзнадар. Хуыцаумӕ бакувыны тыххӕй уыди Йерусалимы.


Бафхӕрдтой Йӕ, раст тӕрхон Ын нӕ рахастой. Йӕ байзӕддӕгты тыххӕй Йын чи цы зоны, кӕд ӕмӕ Йын айстой Йӕ цард зӕххӕй?».


Филипп бавнӕлдта амонынмӕ. Райдыдта Сыгъдӕг Фысты уыцы бынатӕй ӕмӕ йын радзырдта Фарны Уац Йесойы тыххӕй.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan