Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Апостолты хъуыддӕгтӕ 8:30 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

30 Филипп къареты цурмӕ куы базгъордта, уӕд фехъуыста, эфиопаг пехуымпар Исайайы чиныг куыд касти, уый. Уӕд ӕй бафарста: «Цы кӕсыс, уый ӕмбарыс?»

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Апостолты хъуыддӕгтӕ 8:30
18 Iomraidhean Croise  

Дӕ бон цыдӕриддӕр у, уый кӕн, уымӕн ӕмӕ мӕрдтыбӕстӕм куы ацӕуай, уӕд дын уым кусын, хъуыды кӕнын ӕмӕ куырыхон уӕвынӕн фадат нӕ уыдзӕн.


Хуыцауы Паддзахады тыххӕй ныхас чи фехъусы ӕмӕ йӕ нӕ бамбары, уымӕ ӕрцӕуы хӕйрӕг ӕмӕ аскъӕфы, йӕ зӕрдӕйы йын цы байтыдӕуыди, уый. Уыцы адӕймаг у, фӕндаггӕрон чи ӕрхауди, уыцы нӕмыгау.


Бӕзнаг мӕрыл кӕй байтыдӕуыд, уый ӕнгӕс та сты, ныхас чи фехъусы ӕмӕ йӕ бамбары, уыдон; ӕмӕ сӕ иу ратты фондзыссӕдз хатты, иннӕ — ӕртиссӕдз хатты, аннӕ та — дӕс ӕмӕ ссӕдз хатты фылдӕр пайда».


Йесо Йӕ ахуыргӕнинӕгты бафарста: «Ӕппӕт адӕттӕ бамбӕрстат ӕви нӕ?» Уыдон Ын дзуапп радтой: «О, Бардарӕг».


Уый фӕстӕ Йесо фӕсидти адӕммӕ ӕмӕ сын загъта: «Байхъусут ӕмӕ бамбарут!


Уӕдӕ, пехуымпар Даниил куыд загъта, афтӕ уаз бынаты „ӕлгъаг заууат“ куы фенат, — чиныгкӕсӕг ӕй бамбарӕд, —


Кӕм не ’мбӕлы, уым „ӕлгъаг заууат“ куы фенат (ацы ныхӕстӕ чи кӕсы, уый сӕ йӕхӕдӕг бамбарӕд), уӕд, Иудейы чи уа, уыдон лидзӕнт хӕхтӕм.


Йесо сын загъта: «Мӕ хойраг у Мӕ Рарвитӕджы фӕндон ӕххӕст кӕнын ӕмӕ Йын Йӕ хъуыддаг кӕронмӕ саразын.


Сымах лӕмбынӕг иртасут Сыгъдӕг Фыст, ӕмӕ йӕ фӕрцы мыггагмӕйы цард райсын ӕнхъӕл стут, афтӕмӕй уый та Мӕныл дзурӕг у.


Ӕмӕ Филипп араст ис. Уыцы рӕстӕг сӕхимӕ здӕхти эфиопаг евнух, Кандакийы, ома эфиопаг ус-паддзахы, фӕсдзӕуин, стыр хицау — йӕ хӕзнадар. Хуыцаумӕ бакувыны тыххӕй уыди Йерусалимы.


Сыгъдӕг Уд Филиппӕн загъта: «Баййаф уыцы къарет ӕмӕ цу йӕ фарсмӕ».


Уый дзуапп радта: «Исчи мын ӕй куынӕ бацамона, уӕд ӕй куыд хъуамӕ бамбарон?» Ӕмӕ ӕрхатыди Филипмӕ, цӕмӕй схиза къаретмӕ ӕмӕ сбада йӕ фарсмӕ.


Филипп ацыди самариаг сахармӕ ӕмӕ адӕмӕн дзырдта Чырыстийы тыххӕй.


Фӕлӕ мӕ аргъуаны фӕнды ӕндӕр ӕвзагыл мингай дзырдтӕ зӕгъыны бӕсты фондз ныхасы мӕ зондӕй зӕгъын, цӕмӕй сахуыр кӕнон иннӕты дӕр.


Ӕнӕмбаргӕ ма ут, фӕлӕ базонут, Бардарӕгӕн фӕндон цы у, уый.


Ам уӕлзонд хъӕуы. Зонд кӕмӕ ис, уый раиртасӕд сырды нымӕц, уымӕн ӕмӕ уый ӕвдисы адӕймаджы ном. Уыцы нымӕц у ӕхсӕзсӕдӕ ӕхсай ӕхсӕз.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan