Апостолты хъуыддӕгтӕ 8:25 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст25 Петр ӕмӕ Иоанн уым Йесойы тыххӕй уацамынд куы фӕкодтой ӕмӕ Бардарӕджы Ныхас куы фӕцамыдтой, уӕд фӕстӕмӕ ацыдысты Йерусалиммӕ. Сӕ фӕндагыл бирӕ самариаг хъӕуты хъусын кодтой Фарны Уац. Faic an caibideil |
Иудейӕгтӕ баныхас кодтой Павелимӕ, цы бон фембӕлдзысты, уый тыххӕй; ӕмӕ кӕм ӕрбынатон, уырдӕм ӕрцыдысты ноджы фылдӕрӕй. Павел сын райсомӕй изӕрмӕ дзырдта Хуыцауы Паддзахады тыххӕй, Моисейы Ӕгъдауӕй ӕмӕ пехуымпарты чингуытӕй сын хаста ӕвдисӕйнӕгтӕ Йесойы тыххӕй ӕмӕ афтӕмӕй архайдта баууӕндын сӕ кӕныныл.