Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Апостолты хъуыддӕгтӕ 8:21 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

21 Ахӕм куысты бацӕуыны аккаг нӕ дӕ, уымӕн ӕмӕ Хуыцауы раз дӕ зӕрдӕ раст нӕу.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Апостолты хъуыддӕгтӕ 8:21
19 Iomraidhean Croise  

Амациа Дунедарӕгӕн фӕндон хъуыддӕгтӕ кодта, фӕлӕ Йыл бынтон иузӕрдион нӕ уыди.


Ӕз сын загътон: «Уӕларвон Хуыцау ныл рӕстаудӕн кӕны, ӕмӕ мах, Йӕ цагъартӕ, аразынмӕ бавналдзыстӕм, сымах та Йерусалимы ницы хъуыддаг ис, хай дӕр ӕмӕ уын дзы бар дӕр нӕй».


Давиды псалом. Фыдгӕнджытӕм ма бабӕлл, ӕнаккӕгтӕм ма хӕлӕг кӕн, —


«Адӕймаджы фырт! Ацы адӕм сӕ зӕрдӕ сӕ гуымирытӕн куы снывонд кодтой, фыдракӕндтӕ аразыныл сӕ чи ӕфтауы, уыдоны сӕ рӕбинаг куы бакодтой, уӕд ма сын Ӕз цавӕр дзуапп хъуамӕ раттон?


Сауджын, йӕ буар тынгдӕр кӕй рафаста, уый куы фена, уӕд ӕй адӕмы раз банымайӕд ӕнӕсыгъдӕгыл: хъотыр ыл ис.


Ӕнӕхуыцауы зӕрдӕ къӕйныхдзинадӕй — йемыдзаг, рӕстгӕнӕг та йӕ уырнындзинады фӕрцы цӕрдзӕни.


Сӕ дыууӕ дӕр Хуыцауы раз растӕй цардысты, ӕнӕаиппӕй ӕххӕст кодтой Хуыцауы ӕппӕт фӕдзӕхстытӕ ӕмӕ уагӕвӕрдтӕ.


Ӕртыккаг хатт ӕй бафарста: «Иоанны фырт Симон, уарзыс Мӕ?» Ӕмӕ йӕ ӕртыккаг хатт, уарзыс Мӕ, зӕгъгӕ, кӕй бафарста, уый тыххӕй Петр фенкъард ис ӕмӕ Йын дзуапп радта: «Бардарӕг, Ды алцыдӕр зоныс. Ды зоныс, ӕз Дӕ кӕй уарзын, уый». Йесо йын загъта: «Хиз Мын Мӕ фысты.


[Филипп ын дзуапп радта: «Кӕд зӕрдиагӕй ӕууӕндыс, уӕд дыл саргъауӕн ис». Евнух загъта: «Ӕууӕндын, Йесо Чырысти Хуыцауы Фырт кӕй у, ууыл».]


Сымах хъуамӕ зонат: нӕдӕр хӕтагӕн, нӕдӕр чъизи адӕймагӕн, нӕдӕр кӕрӕфӕн — уымӕн ӕмӕ кӕрӕф мӕнгхуыцауӕн кувӕг у, — Чырыстийы ӕмӕ Хуыцауы Паддзахады хай нӕ уыдзӕн.


Уымӕн нӕ бахаудта уӕрсты Левийы мыггаг, ӕмӕ йын йе ’фсымӕрты ӕмрӕнхъ уый тыххӕй нӕй хай. Дунедарӕг Йӕхӕдӕг у йӕ хай, Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, уымӕн зӕрдӕ куыд бавӕрдта, афтӕ.


Ӕмӕ-иу цин кӕнӕнт уемӕ Дунедарӕджы, уӕ Хуыцауы раз, уӕ фырттӕ ӕмӕ уӕ чызджытӕ, уӕ цагъартӕ сылгоймагӕй, нӕлгоймагӕй ӕмӕ, уе ’хсӕн зӕххӕй дӕр ӕмӕ исбонӕй дӕр хай кӕмӕн нӕй, уыцы левиттӕ.


Уымӕн сусӕг ницы ис дунесфӕлдысты. Мадард бӕгънӕгау гом у алцы Йӕ цӕсты раз, дзуапп Кӕмӕн дӕтдзыстӕм, Уымӕн.


Дунедарӕг мах ӕмӕ сымах ӕхсӕн, Рувимы ӕмӕ Гады байзӕддӕгтӕ, арӕнӕн сӕвӕрдта Иордан. Ӕмӕ сымах Дунедарӕджы адӕм не стут!“ Афтӕмӕй уӕ байзӕддаджы аххосӕй нӕ байзӕддаг фидӕны бон Дунедарӕгӕн кад нал кодтаиккой.


Йӕ сывӕллӕтты дӕр ын амардзынӕн; уӕд ӕппӕт аргъуантӕ дӕр базондзысты, Ӕз адӕймагӕн йӕ зӕрдӕ ӕмӕ йӕ хъуыдытӕ кӕй уынын, уый, ӕмӕ уӕ алкӕмӕн дӕр кӕй йӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ бафиддзынӕн.


Тӕхудиаг сты, мӕрдты фыццаг райгасы цард чи райсдзӕн, уыдон: дыккаг мӕлӕты бон сыл нӕ цӕуы, фӕлӕ уыдзысты Хуыцауӕн ӕмӕ Чырыстийӕн лӕггадгӕнджытӕ ӕмӕ Йемӕ паддзахиуӕг кӕндзысты мин азы.


Ӕмӕ ацы чиныджы пехуымпар ныхӕстӕй чи аппара, уый Хуыцау ӕнӕхай фӕкӕндзӕн, ацы чиныджы фыст кӕй тыххӕй ис, уыцы царды бӕласӕй ӕмӕ сыгъдӕг сахарӕй.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan