16 Уымӕн ӕмӕ дзы иу дӕр Сыгъдӕг Удӕй нӕма схайджын — ӕрмӕстдӕр сыл саргъуыдӕуыд Бардарӕг Йесойы номыл.
Уӕдӕ ацӕут ӕмӕ ӕппӕт адӕмты Мӕ ахуыргӕнинӕгтӕ скӕнут. Аргъаут сыл Фыды, Фырты ӕмӕ Сыгъдӕг Уды номӕй.
ӕмӕ сӕ бафарста: «Куы баууӕндыдыстут, уӕд Сыгъдӕг Удӕй схайджын стут?» Уыдон ын дзуапп радтой: «Сыгъдӕг Уды кой мах хъусгӕ дӕр нӕ фӕкодтам».
Петр сын дзуапп радта: «Ӕрфӕсмон кӕнут уӕ тӕригъӕдтыл, ӕмӕ уын цӕмӕй хатыргонд ӕрцӕуой, уый тыххӕй уӕ алчидӕр Йесо Чырыстийы номыл аргъуыд райсӕд, ӕмӕ уӕд Сыгъдӕг Удӕй схайджын уыдзыстут.
Ӕви ныл Йесо Чырыстиимӕ баиуы охыл куы саргъуыдӕуыд, уӕд Йемӕ кӕй амардыстӕм, уый нӕ зонут?
Уымӕн ӕмӕ сымах — Чырыстиимӕ баиуы охыл кӕуыл саргъуыдӕуыд, уыдон — баиу стут Чырыстиимӕ.