15 Петр ӕмӕ сӕм Иоанн куы ӕрбацыдысты, уӕд бакуывтой, цӕмӕй самариӕгтӕ схайджын уой Сыгъдӕг Удӕй.
Ноджы ма уын зӕгъын: сымахӕй дыууӕ адӕймаджы зӕххыл цавӕрфӕнды хъуыддаджы тыххӕй дӕр иумӕ кувынвӕнд куы скӕной, уӕд сын, цы курой, уый лӕвӕрд уыдзӕни Мӕ Уӕларвон Фыдӕй.
ӕмӕ сӕ бафарста: «Куы баууӕндыдыстут, уӕд Сыгъдӕг Удӕй схайджын стут?» Уыдон ын дзуапп радтой: «Сыгъдӕг Уды кой мах хъусгӕ дӕр нӕ фӕкодтам».
Петр сын дзуапп радта: «Ӕрфӕсмон кӕнут уӕ тӕригъӕдтыл, ӕмӕ уын цӕмӕй хатыргонд ӕрцӕуой, уый тыххӕй уӕ алчидӕр Йесо Чырыстийы номыл аргъуыд райсӕд, ӕмӕ уӕд Сыгъдӕг Удӕй схайджын уыдзыстут.
Уӕдӕ ӕндӕр ӕвзӕгтыл чи дзуры, уый кувӕд, цы дзуры, уый ӕмбарын кӕныны курдиат райсыны тыххӕй.
уымӕн ӕмӕ зонын: уӕ куывды руаджы ӕмӕ Йесо Чырыстийы Уды ӕххуысӕй уый мӕнӕн фӕахъаз уыдзӕн фервӕзынӕн.