Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Апостолты хъуыддӕгтӕ 8:13 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

13 Симон йӕхӕдӕг дӕр баууӕндыд, аргъуыд райста ӕмӕ иудадзыг уыди Филиппимӕ; дис кодта, цы стыр ӕвдисӕйнӕгтӕ ӕмӕ диссӕгтӕ федта, уыдоныл.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Апостолты хъуыддӕгтӕ 8:13
16 Iomraidhean Croise  

Акӕсут-ма адӕмтӕм лӕмбынӕг — стыр дисы уӕ бафтаудзысты. Уымӕн ӕмӕ уӕ заманы Ӕз ахӕм хъуыддаг сараздзынӕн, ӕмӕ уын рагацау исчи йӕ кой куы скодтаид, уӕд уӕ нӕ бауырныдтаид.


ӕргомӕй састысты сӕ тӕригъӕдтыл, ӕмӕ сыл Иоанн аргъуыдта Иорданы цӕугӕдоны.


Уырнджытӕ та ахӕм диссӕгтӕ ӕвдисдзысты: Мӕ номӕй сурдзысты дӕлимонты, ног ӕвзӕгтыл сдзурдзысты;


Дурджын ран чи ӕрхауд, уыдон та фехъусынц ныхас, ӕхсызгонӕй йӕ айсынц сӕ зӕрдӕмӕ, фӕлӕ ӕнӕуидаг сты — рӕстӕгмӕ ӕууӕндынц, фӕлварӕнты куы бахауынц, уӕд сӕ уырнындзинад уайтагъд фӕцыдӕр вӕййы.


Фыд уарзы Фырты ӕмӕ, Йӕхӕдӕг цыдӕриддӕр кӕны, уый Йын ӕвдисы. Ӕмӕ Йын ноджы стырдӕр хъуыддӕгтӕ дӕр фенын кӕндзӕн, ӕмӕ сымах дисы бафтдзыстут.


Йесо та сын загъта: «Ӕз ӕрмӕст иу хъуыддаг сарӕзтон, ӕмӕ уе ’ппӕт дӕр дисы бафтыдыстут.


Иннӕ сабаты ӕгас сахар, искуы иуӕй фӕстӕмӕ, ӕрӕмбырд ис Хуыцауы ныхасмӕ хъусынмӕ.


Хуыцау Павелы уылты арӕзта ӕнахуыр диссӕгтӕ.


Базыдтой йӕ: Кувӕндоны Рӕсугъд дуары цур цы мӕгуыргур лӕг уыди, уый у. Цы йыл ӕрцыди, уый сӕ дисы бафтыдта.


Ахӕм куысты бацӕуыны аккаг нӕ дӕ, уымӕн ӕмӕ Хуыцауы раз дӕ зӕрдӕ раст нӕу.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan