Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Апостолты хъуыддӕгтӕ 8:10 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

10 Хъуыстой йӕм стырӕй, чысылӕй ӕмӕ дзырдтой: «Ацы адӕймагмӕ ис Хуыцауы тых, стыр кӕй хуындӕуы, уый».

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Апостолты хъуыддӕгтӕ 8:10
12 Iomraidhean Croise  

Алчи кӕрӕдзийы ӕмӕ ӕфсымӕр ӕфсымӕры нал ахуыр кӕндзӕн ӕмӕ нал дзурдзӕн, Дунедарӕджы базонут, зӕгъгӕ, — иууылдӕр Мӕ зондзысты, стырӕй, чысылӕй, — зӕгъы Дунедарӕг. — Ӕз сын сӕ фыдракӕндтӕ ныббардзынӕн, сӕ тӕригъӕдтӕ сын нал ӕрымысдзынӕн.


Ӕфсады хицӕуттӕ иууылдӕр, Кареахы фырт Йоханан, Хошаийы фырт Азариа ӕмӕ иннӕ адӕм се ’ппӕт дӕр, стырӕй, чысылӕй, ӕрбацыдысты


Иууылдӕр, стырӕй, чысылӕй, ӕрмӕст ӕфтиагмӕ бӕллынц, пехуымпарӕй сауджыны онг мӕнгард сты сӕ хъуыддӕгтӕ.


Уый тыххӕй сын Ӕз сӕ устыты ӕндӕртӕн ратдзынӕн, сӕ быдыртӕ та — ног хицӕуттӕн. Уымӕн ӕмӕ стырӕй, чысылӕй мулкмондаг сты, сауджынӕй, пехуымпарӕй — мӕнгард.


Ӕмӕ ниневиӕгтӕ баууӕндыдысты Хуыцауыл: стырӕй, чысылӕй ком дардтой, сӕ уӕлӕ скодтой сӕхъис.


Павел цы бакодта, уый адӕм куы федтой, уӕд ликаониагау хъӕр кӕнын райдыдтой: «Адӕймаджы хуызы нӕм хуыцӕуттӕ ӕрцыдысты!»


Адӕм ӕнхъӕлмӕ кастысты, Павел ныррӕсидзӕн кӕнӕ дзыхъмард фӕуыдзӕн, зӕгъгӕ. Фӕлӕ бирӕ куы фенхъӕлмӕ кастысты ӕмӕ йын калм кӕй ницы разиан кодта, уый куы федтой, уӕд ӕм ракастысты ӕндӕр цӕстӕй ӕмӕ загътой, уый хуыцау у, зӕгъгӕ.


Иудейӕгтӕ ӕмӕ бердзенӕгтӕй Хуыцау кӕмӕ фӕсидти, уыдонӕн та Чырысти Хуыцауы тых ӕмӕ Хуыцауы зонд у.


Уымӕн ӕмӕ сымах, зондджынтӕ, ӕнӕзӕндтыл зӕрдиагӕй ӕууӕндут.


Уӕд нал уыдзыстӕм, алы ахуырӕдтӕ уылӕнтау кӕмӕй хъазынц ӕмӕ дымгӕйау кӕй ахӕссынц, ахӕм сабитӕ; сайынмӕ дӕсны чи у, уыдоны амӕттаг нал уыдзыстӕм.


Бирӕтӕ сын бафӕзмдзысты сӕ чъизи митӕ; уыдоны аххосӕй ӕгад уыдзӕни раст фӕндаг.


Йӕ сӕртӕй иу мӕлӕтдзаг цӕфы хуызӕнӕй зынди, фӕлӕ уыцы мӕлӕтдзаг цӕф байгас. Ӕппӕт зӕххон адӕмтӕ дис кодтой сырдыл, ацыдысты йӕ фӕдыл ӕмӕ бакуывтой залиаг калмӕн, сырдӕн бартӕ кӕй радта, уый тыххӕй.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan