Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Апостолты хъуыддӕгтӕ 8:1 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1 Стефаны кӕй амардтой, уый Савл растыл нымадта. Уыцы бонӕй фӕстӕмӕ Йерусалимы аргъуаны уӕнгты тынг ӕфхӕрын райдыдтой, ӕмӕ, апостолтӕй фӕстӕмӕ, се ’ппӕт дӕр ныххӕлиу сты Иудей ӕмӕ Самарийы алы къуымты.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Апостолты хъуыддӕгтӕ 8:1
35 Iomraidhean Croise  

Фӕлӕ сӕм ӕз арвыстон, стыр хъуыддаджы лӕуд дӕн ӕмӕ мӕ цӕуынмӕ нӕ равдӕлдзӕн, зӕгъгӕ. Куы йӕ, зӕгъын, ныууадзон ӕмӕ сымахмӕ куы ацӕуон, уӕд бакъуылымпы уыдзӕни.


Кӕд Даниил паддзахы бардзырд зыдта, уӕддӕр-иу йӕ хӕдзары уӕллаг уатмӕ ссыди; йӕ уаты рудзгуытӕ арӕзт уыдысты Йерусалимы ’рдӕм. Бон ӕртӕ хатты-иу йӕ зонгуытыл ӕрлӕууыд ӕмӕ раздӕрау куывта ӕмӕ арфӕ кодта йӕ Хуыцауӕн.


Уӕд паддзахы цинӕн кӕрон нал уыд, ӕмӕ Даниилы хъоргъӕй сисын кодта. Куы йӕ систой, уӕд ыл иу цъӕррӕмыхст дӕр нӕ разынд, уымӕн ӕмӕ уыдис иузӕрдион йӕ Хуыцауыл.


Иннӕтӕ та йын йӕ цагъарты ӕрцахстой, тынг сӕ фӕнадтой ӕмӕ сӕ амардтой.


Ӕрбайхъусут-ма! Мӕнӕ уӕм Ӕз ӕрвитын пехуымпарты, куырыхон адӕймӕгты ӕмӕ динамонджыты, ӕмӕ дзы сымах иуты амардзыстут ӕмӕ байтындздзыстут, иннӕты уӕ синагогӕты ехсӕй нӕмдзыстут ӕмӕ сӕ иу сахарӕй иннӕмӕ тӕрдзыстут.


Сымах зӕххӕн йӕ цӕхх стут. Цӕххы ад куынӕуал уа, уӕд ма йӕ цӕмӕй сцӕхджын кӕндзынӕ? Адӕмы къӕхты бынмӕ аппарыны йеддӕмӕ ницӕмӕнуал бӕззы.


Ӕз уын кӕй загътон, уыцы ныхас уӕ зӕрдыл дарут: „Цагъар йӕ хицауӕй уӕлдӕр нӕу“. Кӕд Мӕн ӕфхӕрдтой, уӕд сымах дӕр ӕфхӕрдзысты. Кӕд Мӕ ныхасмӕ хъуыстой, уӕд уӕ ныхасмӕ дӕр хъусдзысты.


Синагогӕтӕй тард ӕрцӕудзыстут. Ӕрцӕуы ахӕм рӕстӕг, ӕмӕ, сымах чи мара, уый афтӕ ӕнхъӕл уыдзӕн, цыма уымӕй Хуыцауӕн лӕггад кӕны.


Фӕлӕ Сыгъдӕг Удӕй куы схайджын уат, уӕд уӕм фӕзындзӕни тых, ӕмӕ Мын ӕвдисӕнтӕ уыдзыстут Йерусалимы ӕмӕ ӕгас Иудейы, Самарийы ӕмӕ суанг арвы кӕрӕттӕм».


Антиохийы аргъуаны уыди пехуымпартӕ ӕмӕ ахуыргӕнджытӕ: Варнавӕ, Нигер кӕй хуындӕуыд, уыцы Симеон, киренӕйаг Лукий, ӕлдариуӕггӕнӕг Иродимӕ чи хъомыл кодта, уыцы Манаин, ӕмӕ Савл.


Фӕлӕ Хуыцау цы снысан кодта, уый Давид йӕ заманы куы сарӕзта, уӕд амард, йӕ фыдӕлтимӕ ныгӕд ӕрцыд ӕмӕ бамбыди.


Кад кодтой Хуыцауӕн ӕмӕ ӕппӕт адӕмӕн уыдысты уарзон; Бардарӕг Йесо та сын сӕ нымӕцыл ӕрвылбон ӕфтыдта, ӕрвыста сӕм, кӕй ирвӕзын кодта, уыдоны.


Де ’вдисӕн Стефаны куы мардтой, уӕд уый дӕр ӕз нымадтон растыл; лӕууыдтӕн уым ӕмӕ хъахъхъӕдтон йӕ марджыты пӕлӕзтӕ“.


Ӕмӕ уӕвгӕ дӕр афтӕ кодтон Йерусалимы. Алчертӕй бар райстон, афтӕмӕй бирӕ сыгъдӕджыты бакодтон ахӕстӕтты; мӕлӕты тӕрхон сын-иу куы хастой, уӕд хъӕлӕс кодтон сӕ амарыныл.


Ӕрцахсын кодтой апостолты ӕмӕ сӕ сахары ахӕстоны бакодтой.


«Ацӕут Кувӕндонмӕ ӕмӕ адӕмӕн ног царды тыххӕй алцыдӕр дзурут».


Синедрионы чи уыди, уыдон уый куы фехъуыстой, уӕд сӕ маст рафыхт ӕмӕ сӕм сӕвзӕрд апостолты амарыны фӕнд.


Иууылдӕр бакастысты Гамалиилы коммӕ, фӕдзырдтой апостолтӕм ӕмӕ сӕ фӕнӕмын кодтой. Уый фӕстӕ сын тызмӕгӕй бафӕдзӕхстой, цӕмӕй Йесойы номӕй мауал дзурой, ӕмӕ сӕ рауагътой.


Уыцы Моисей уыди ӕдзӕрӕг быдыры, Израилы адӕм кӕм ӕрӕмбырд сты, уым. Уый уыди, Синайы хохыл йемӕ цы зӕд дзырдта, уыимӕ, стӕй нӕ фыдӕлтимӕ, ӕмӕ райста царддӕттӕг ныхӕстӕ, цӕмӕй сӕ махмӕ фӕхӕццӕ кӕна.


Уыдӕттӕ хъусгӕйӕ, синедрионы уӕнгтӕ мӕстӕй тъӕппытӕ хаудтой ӕмӕ йӕм сӕ дӕндӕгты къӕс-къӕс цыди.


Ракодтой йӕ фӕссахармӕ ӕмӕ йыл дурадзагъдӕй ралӕууыдысты. Ӕвдисӕнтӕ та сӕ пӕлӕзтӕ ныууагътой, йӕ ном Савл кӕмӕн уыд, уыцы лӕппуимӕ.


Апостолтӕ Йерусалимы куы фехъуыстой, самариӕгтӕ Хуыцауы Дзырдыл баууӕндыдысты, зӕгъгӕ, уӕд сӕм арвыстой Петр ӕмӕ Иоанны.


Стефаны та баныгӕдтой Хуыцауыл ӕнувыд лӕгтӕ ӕмӕ йыл тынг фӕкуыдтой.


Чи ныххӕлиу, уыцы уырнджытӕ та уыцы рӕстӕг, кӕдӕмдӕриддӕр цыдысты, уым хъусын кодтой Фарны Уац.


Филипп ацыди самариаг сахармӕ ӕмӕ адӕмӕн дзырдта Чырыстийы тыххӕй.


Ӕппӕт Иудейы, Галилейы ӕмӕ Самарийы аргъуантӕ хъыгдард нал ӕййӕфтой, фидар кодтой, Хуыцауы тас сӕм уыди, Сыгъдӕг Уды ӕххуысӕй ӕфтыди уырнджыты нымӕцыл.


Афтӕ чи кӕны, уыдонмӕ, Хуыцауы раст тӕрхонмӕ гӕсгӕ, мӕлӕт кӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уый зонынц, фӕлӕ уӕддӕр сӕ хъуыддӕгтӕ нӕ уадзынц. Уый нӕ, фӕлӕ ма, ахӕм митыл чи бафтыди, уыдонӕй дӕр ӕппӕлынц.


Фӕнды мӕ, ме ’фсымӕртӕ, цӕмӕй сымах зонат, ӕз цы уавӕры бахаудтӕн, уый кӕй фӕахъаз Фарны Уац парахатдӕрӕй хъусын кӕнынӕн;


Паддзах дзы йӕ маст кӕй райсдзӕн, уымӕй нӕ фӕтӕрсгӕйӕ, Моисей йӕ уырнындзинады фӕрцы ныууагъта Мысыр. Цӕстӕй фенӕн Кӕмӕн нӕй, уыцы Хуыцауы цыма цӕстӕй уыдта, афтӕ фидар лӕууыд.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan