Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Апостолты хъуыддӕгтӕ 7:54 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

54 Уыдӕттӕ хъусгӕйӕ, синедрионы уӕнгтӕ мӕстӕй тъӕппытӕ хаудтой ӕмӕ йӕм сӕ дӕндӕгты къӕс-къӕс цыди.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Апостолты хъуыддӕгтӕ 7:54
13 Iomraidhean Croise  

Фыр мӕстӕй мӕ ’ргӕвды, Йӕ дӕндӕгты къӕс-къӕс мӕм цӕуы; ныккастысты мӕм ме знӕгтӕ.


О сахар! Де знӕгтӕн хынджылӕггаг куы фестадтӕ! Ӕхситт кӕнынц, сӕ дӕндӕгты къӕс-къӕс куы цӕуы, дзурынц: «Кӕдӕй-уӕдӕй йын федтам йе сӕфт! О, ’рцыди уыцы бон!»


ӕмӕ сӕ судзгӕ пецы баппардзысты. Уырдыгӕй хъуысдзӕни сӕ кӕуын ӕмӕ сӕ дӕндӕгты хъыс-хъыс.


ӕмӕ сӕ пецы баппардзысты. Уырдыгӕй хъуысдзӕни сӕ кӕуын ӕмӕ сӕ дӕндӕгты хъыс-хъыс».


Уӕд паддзах йӕ фӕсдзӕуинтӕн загъта: „Йӕ къухтӕ ӕмӕ йын йӕ къӕхтӕ сбӕттут ӕмӕ йӕ ӕддӕмӕ, талынгмӕ, аппарут. Уырдыгӕй хъуысдзӕни кӕуын ӕмӕ дӕндӕгты хъыс-хъыс“.


ӕгъатырӕй йӕ бафхӕрдзӕн ӕмӕ йын дыдзӕсгӕмтты хал ахӕрын кӕндзӕн. Се ’хсӕнӕй ма йӕ кӕуын ӕмӕ йӕ дӕндӕгты хъыс-хъыс хъуысдзӕни.


Ацы ницӕйаг цагъары та аппарут ӕддӕмӕ, талынгмӕ: кӕуын ӕмӕ дӕндӕгты хъыс-хъыс кӕцӕй хъуысдзӕни, уырдӕм“». [Уыцы ныхӕсты фӕстӕ Йесо хъӕрӕй загъта: «Хъустӕ кӕуыл ис, уый хъусӕд!»]


Паддзахад нысангонд кӕмӕн уыд, уыдон та ӕппӕрст ӕрцӕудзысты ӕддӕмӕ, талынгмӕ; ӕмӕ уырдыгӕй хъуысдзӕни сӕ кӕуын ӕмӕ сӕ дӕндӕгты хъыс-хъыс».


Ӕмӕ уырдыгӕй хъуысдзӕни кӕуын ӕмӕ дӕндӕгты хъыс-хъыс, Авраамы, Исаакы, Йаковы, стӕй пехуымпарты се ’ппӕты дӕр Хуыцауы Паддзахады куы фенат, уӕхи та уын ӕддӕмӕ куы расурой, уӕд.


Синедрионы чи уыди, уыдон уый куы фехъуыстой, уӕд сӕ маст рафыхт ӕмӕ сӕм сӕвзӕрд апостолты амарыны фӕнд.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan