46 Давид ссардта Хуыцауы хорзӕх ӕмӕ Дзы куырдта Йаковы Хуыцауӕн хӕдзар саразыны бар.
Давид ын дзуапп радта: «Уыдоны раз нӕ, фӕлӕ мӕ дӕ фыд ӕмӕ йӕ хӕдзарвӕндаджы бӕсты Израилӕн, Дунедарӕджы адӕмӕн, фӕтӕгӕй Чи равзӕрста, Уый раз! Дунедарӕджы раз кафынмӕ ӕз цӕттӕ дӕн!
Стӕй йӕ Хуыцау ӕнӕхай фӕкодта йӕ паддзахдзинадӕй ӕмӕ сын паддзахӕй сӕвӕрдта Давиды. Хуыцау Йӕхӕдӕг Давиды тыххӕй загъта: „Ӕз ссардтон Давиды, Йессейы фырты. Уый у, Мӕ зӕрдӕйӕн ӕхцон чи у, ахӕм адӕймаг — уый Мын Мӕ алы фӕндон дӕр сӕххӕст кӕндзӕн“.
Фӕлӕ ныр дӕ паддзахдзинад бирӕ нӕ ахӕсдзӕн. Дунедарӕг Йӕхицӕн бацагурдзӕн зӕрдӕхцон адӕймаг ӕмӕ йӕ скӕндзӕн Йӕ адӕмы фӕтӕг, уымӕн ӕмӕ Йын ды Йӕ фӕндон нӕ сӕххӕст кодтай».
Самуел ын загъта: «Гъе афтӕ дӕуӕй дӕр абон Дунедарӕг ратыдта Израилы паддзахад ӕмӕ йӕ радта ӕндӕрӕн, дӕуӕй хуыздӕрӕн.
Дунедарӕг загъта Самуелӕн: «Кӕдмӕ хъынцъым кӕндзынӕ Саулыл? Ӕз ыл атигъ кодтон Мӕхи — уый нал уыдзӕн Израилы паддзах. Сыкъа сойӕ байдзаг кӕн ӕмӕ цу, ӕрвитын дӕ вифлеемаг Йессеймӕ. Уымӕн йӕ фырттӕй Ӕз равзӕрстон иуы, цӕмӕй йӕ паддзахӕй сӕвӕрон».