Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Апостолты хъуыддӕгтӕ 7:45 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

45 Нӕ фыдӕлтӕ йӕ райстой ӕмӕ йӕ Нуны фырт Йешуаимӕ бахастой, нӕ фыдӕлты цурӕй Хуыцау кӕй фӕсырдта, уыцы адӕмы бӕстӕм. Ӕмӕ уым фӕци Давиды заманы онг.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Апостолты хъуыддӕгтӕ 7:45
20 Iomraidhean Croise  

Сауджынтӕ ӕмӕ левиттӕ ахастой Дунедарӕджы Фидыды Чырын ӕмӕ Фембӕлды Цатыр, стӕй, Цатыры цы уаз дзауматӕ уыди, уыдон иууылдӕр.


Сауджын Цадокӕн ӕмӕ уымӕн йӕ сауджын ӕрвадӕлтӕн Давид бахӕс кодта Гивоны кувӕн къуыбырыл, Дунедарӕджы Цӕрӕны цур,


Моисей Дунедарӕгӕн ӕдзӕрӕг быдыры кӕй сарӕзта, уыцы Уаз Цӕрӕн ӕмӕ иууылсудзинӕгты нывондхӕссӕн та уӕд нырма Гивоны кувӕн къуыбырыл уыдысты,


уый фырт Нун, уый фырт Йешуа.


Сӕ байзӕддӕгтӕ бацыдысты ӕмӕ зӕхх сӕхи бакодтой. Ды сын уыцы зӕххы цӕрджыты, ханаанӕгты, басӕттын кодтай; сӕ паддзӕхтимӕ ӕмӕ уыцы бӕстӕйы цӕрӕг адӕмтимӕ сын сӕ радтай сӕ къухтӕм, цы уӕ фӕнды, уый сын кӕнут, зӕгъгӕ.


Мӕ зӕрдӕйӕ рацыдысты фарны дзырдтӕ. Мӕ зарӕг — Паддзахыл. Ме ’взаг — дӕсны фыссӕджы сис.


Уынгӕджы сахат Мӕм сдзынӕзтай, ӕмӕ дӕ Ӕз фервӕзын кодтон, сау ӕврагъы хуылфӕй дын дзуапп радтон, Меривайы доны цур дӕ бафӕлвӕрдтон.


Ӕмӕ Ханааны бӕстӕйы авд адӕмыхатты куы ныццагъта, уӕд сын сӕ зӕхх израилӕгтӕн радта.


«Аваримы хӕхтӕм фӕцу. Моавы, Йерихоны бакомкоммӕ, цы хох ис — Нево, уырдӕм ссу ӕмӕ Ханааныл, израилӕгтӕн кӕй хай кӕнын, уыцы бӕстыл дӕ цӕст ахӕсс.


Нуны фырт Йешуа сын ӕнцой куы радтаид, уӕд уый фӕстӕ ӕндӕр боны тыххӕй дзырд нал цыдаид.


Израилы адӕм ӕрӕмбырд сты Силомы ӕмӕ уым ӕрӕвӕрдтой Хуыцауимӕ Фембӕлды Цатыр. Уӕдмӕ бӕстӕ иууылдӕр сӕ къухы уыд.


Дунедарӕг уын уӕ цурӕй фӕсырдта стыр ӕмӕ домбай адӕмты, ӕмӕ абоны онг уӕ ныхмӕ фӕлӕууыны хъару никӕцы адӕммӕ разынд.


Дунедарӕг нын нӕ цурӕй фӕсырдта ӕппӕт адӕмты, ацы зӕххыл чи царди, уыцы аморӕгты дӕр. Уымӕ гӕсгӕ мах дӕр лӕггад кӕндзыстӕм Дунедарӕгӕн, уымӕн ӕмӕ нӕ Хуыцау у».


Уыдон, Миха кӕй сарӕзта, уыцы кӕрдгӕныв сӕхимӕ сӕвӕрдтой, ӕмӕ, цалынмӕ Хуыцауы хӕдзар Силомы уыди, уӕдмӕ уыдис уыдонмӕ.


Адӕм арвыстой Силоммӕ ӕмӕ Фидыды Чырын, йӕ сӕрмӕ херувимтыл — Уӕларвӕфсады Бардарӕг, уырдыгӕй ӕрбахастой. Хуыцауы Фидыды Чырынимӕ ӕрбацыдысты Елиайы дыууӕ фырты дӕр, Хофни ӕмӕ Пинхас.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan