Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Апостолты хъуыддӕгтӕ 7:44 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

44 Нӕ фыдӕлтӕм ӕдзӕрӕг быдыры уыди Уаз Цӕрӕн. Моисей йӕ сарӕзта Хуыцауы амындтытӕм ӕмӕ, цы хуызӕг ын равдыста, уыдонмӕ гӕсгӕ.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Апостолты хъуыддӕгтӕ 7:44
17 Iomraidhean Croise  

Давид йӕ фырт Соломонӕн радта хахнывтӕ саразинаг Кувӕндонӕн, тыргътӕн, агъуыстытӕн, хӕзнадӕттӕн, уӕллаг ӕмӕ мидӕггаг уӕттӕн ӕмӕ, тӕригъӕдтӕ барст кӕм цӕуынц, уыцы бынатӕн;


Адӕттӕ се ’ппӕт дӕр фыст сты Дунедарӕджы амындтыты хыгъды — Йӕхӕдӕг бацамыдта, алцыдӕр куыд аразгӕ у, уый.


Уӕд сын паддзах фӕдзырдта сӕ сӕргълӕууӕг Йеходамӕ ӕмӕ йын загъта: «Цӕуылнӕ домыс левиттӕй, цӕмӕй Иудей ӕмӕ Йерусалимы цӕрджытӕй хъалон исой ӕмӕ Фидыды Цатыры хъуагдзинӕдтӕ баххӕст кӕной, сӕ заманы Дунедарӕджы цагъар Моисей ӕмӕ Израилы дзыллӕ цы уаг ӕрӕвӕрдтой, уымӕ гӕсгӕ?


Хъусыс, хохыл дын кӕй равдыстӕуыд, уый халдих куыд уа, ӕппӕт дӕр афтӕ сараз.


Цатыр ӕрӕвӕр, хохы сӕр дын амынд куыд ӕрцыди, афтӕ.


Нывондхӕссӕн сараз фӕйнӕгӕй, мидӕгӕй афтид куыд уа, афтӕ. Саразын ӕй хъӕуы, хохыл дын куыддӕриддӕр равдыстӕуыд, афтӕ.


Мӕнӕ Фембӕлды Цатыр саразыны хӕрдзтӕ. Моисейы фӕдзӕхстмӕ гӕсгӕ сӕ бахыгътой левиттӕ, сауджын Аароны фырт Итамар сӕ сӕргъы, афтӕмӕй.


Дыккаг азӕн йӕ дыккаг мӕйы ссӕдзӕм бон мигъ йӕхи систа Фембӕлды Цатырӕй,


Дӕхи мыггагмӕ, Левийы мыггагмӕ, фӕсид, цӕмӕй дӕ уӕлхъус уой ӕмӕ дын ӕххуыс кӕной, ды дӕ фырттимӕ Фембӕлды Цатыры раз лӕггад куы кӕнай, уӕд.


Цы бон ӕвӕрд ӕрцыди, уыцы бон Уаз Цӕрӕн иууылдӕр мигъы аныгъуылд, изӕрӕй райсоммӕ та, цыма йӕ сӕрмӕ арт судзы, афтӕ зынди.


Уый лӕггад кӕны ӕцӕг Кувӕндоны — адӕймаг нӕ, фӕлӕ, Хуыцау кӕй сарӕзта, уыцы Уаз Цӕрӕны.


Уыдон лӕггад кӕнынц, уӕларвы цы ис, уымӕн ӕрмӕстдӕр йӕ фӕлгонц ӕмӕ йӕ аууон чи у, уыцы Уаз Цӕрӕны — Моисей Цатыр аразынмӕ куы бавнӕлдта, уӕд ын Хуыцау куыд загъта, афтӕ: «Хъусыс, хохыл дын кӕй равдыстӕуыд, уый халдих куыд уа, ӕппӕт дӕр афтӕ сараз».


Израилы адӕм ӕрӕмбырд сты Силомы ӕмӕ уым ӕрӕвӕрдтой Хуыцауимӕ Фембӕлды Цатыр. Уӕдмӕ бӕстӕ иууылдӕр сӕ къухы уыд.


Адӕм сӕ цатыртӕ систой ӕмӕ фаллаг фарсмӕ бахизыны фӕндӕй Иорданы былмӕ сӕ ных сарӕзтой. Сауджынтӕ Фидыды Чырынимӕ цыдысты сӕ разӕй.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan