Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Апостолты хъуыддӕгтӕ 7:39 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

39 Фӕлӕ нӕ фыдӕлты нӕ бафӕндыди Моисейы коммӕ кӕсын, сӕхи йыл атигъ кодтой ӕмӕ сӕ зӕрдӕ ӕхсайдта Мысырмӕ.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Апостолты хъуыддӕгтӕ 7:39
15 Iomraidhean Croise  

Соломон Авиафары ӕнӕхай фӕкодта йӕ сауджыны куыстӕй, ӕмӕ афтӕмӕй сӕххӕст ис, кӕддӕр Дунедарӕг Силомы сахары Елиайы хӕдзарвӕндаджы тыххӕй цы загъта, уый.


Уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг ӕрхуы дуӕрттӕ ныппырх кодта, ӕфсӕн ӕвдузӕнтӕ ныссаста.


Дзырдтой: «Фӕлтау Мысыры куы амардаиккам Дунедарӕджы къухӕй. Уым бадтыстӕм дзидзайы ӕгты уӕлхъус, нӕ фаг нын уыди дзул! Сымах та не ’ппӕты дӕр ацы ӕдзӕрӕг быдырмӕ сыдӕй амарынмӕ ракодтат».


Фӕлӕ адӕм дойныйӕ стыхстысты ӕмӕ хъуыр-хъуыр кодтой Моисейыл: «Цӕмӕн нӕ ракодтай Мысырӕй? Нӕхи дӕр, нӕ сабиты дӕр ӕмӕ нын нӕ фос дӕр дойныйӕ амарынмӕ?»


Мысыры нын лӕвар бӕргӕ лӕвӕрдтой кӕсӕгтӕ, джитъритӕ, неситӕ, зайӕгхӕлттӕ, хъӕдындзтӕ, нурытӕ!


Бустӕ кодтой Хуыцау ӕмӕ Моисейыл: «Цӕмӕн нӕ ракодтат Мысырӕй? Ӕдзӕрӕг быдыры амӕлынмӕ? Ам къӕбӕр дӕр ӕмӕ дон дӕр нӕй, ӕмӕ нӕ уд хауы ацы нӕбӕззон хӕринагӕй».


Фӕлӕ хионы ӕфхӕрӕг фесхуыста Моисейы ӕмӕ йын загъта: „Чи дӕ сӕвӕрдта махӕн хицау ӕмӕ тӕрхоны лӕгӕй?


Пехуымпар хъуамӕ йӕ удӕн фӕтк дӕттын зона,


Галаадӕн ма йӕ бинойнаг ӕндӕр фырттӕ дӕр ныййардта, ӕмӕ уыдон куы байрӕзтысты, уӕд Йеффайы сӕ хӕдзарӕй ратардтой ӕмӕ йын загътой: «Ды нӕ фыды бынтӕй ницы айсдзынӕ, уымӕн ӕмӕ ӕндӕр мадӕй гуырд дӕ».


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan