Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Апостолты хъуыддӕгтӕ 7:34 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

34 Ӕз федтон, Мӕ адӕмы Мын Мысыры куыд ӕфхӕрынц, уый, фехъуыстон сын сӕ хъӕрзын ӕмӕ ӕрцыдтӕн се ссӕрибар кӕнынмӕ. Уӕдӕ ацу, Ӕз дӕ Мысырмӕ ӕрвитын“.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Апостолты хъуыддӕгтӕ 7:34
21 Iomraidhean Croise  

Уӕд Дунедарӕг ӕрцыд, адӕм кӕй арӕзтой, уыцы сахар ӕмӕ мӕсыг фенынмӕ.


Гъемӕ сӕм ныццӕуӕм ӕмӕ сын се ’взаг схъомпал кӕнӕм, сӕ кӕрӕдзийы куыннӕуал ӕмбарой».


Ныццӕуон ӕмӕ фенон, Содомы тыххӕй Мӕм цы хъӕстытӕ ссыди, уыдон ӕцӕг сты ӕви нӕ. Базонон ӕй».


Ды федтай нӕ фыдӕлты хъизӕмӕрттӕ Мысыры, Сырх денджызы был сын се ’рдиаг фехъуыстай


Ӕмӕ сӕм уӕд Уый дӕр Йӕ къух систа, цӕмӕй сӕ ӕдзӕрӕг быдыры бабын кӕна,


Мӕ хъуыдытӕ уыдзысты Дӕ рухс ӕмӕ Дӕ кадыл, Де стырадыл, Дӕ диссӕгтыл.


Хуыцау загъта Моисейӕн: «ӔЗ ДӔН, ЧИ ДӔН, УЫЙ. Ӕмӕ-иу ахӕм дзуапп ратт израилӕгтӕн: „Мӕн сымахмӕ рарвыста, Йӕ ном ӔЗ ДӔН кӕмӕн у, Уый“».


ӕмӕ баууӕндыдысты. Дунедарӕг сӕм кӕй ӕркаст ӕмӕ сын сӕ хъизӕмӕрттӕ кӕй федта, уый куы фехъуыстой, уӕд зӕххыл ныддӕлгом сты ӕмӕ Йын скад кодтой.


Тӕхуды ӕмӕ куы байгом кӕнис уӕлӕрвтӕ, куы ’рхизис дӕлӕмӕ, цӕмӕй хӕхтӕ ӕмризӕджы нырризой!


Пехуымпары руаджы Дунедарӕг Израилы ракодта Мысырӕй, пехуымпары руаджы йыл дардта Йӕ арм.


Ӕз уӕ ракодтон Мысырӕй, цагъайрӕгтӕ цы зӕххыл уыдыстут, уым уын бафыстон уӕ ахӕстаргъ, уӕ разӕй уын арвыстон Моисей, Аарон ӕмӕ Мариамы.


Ӕз раргом уыдзынӕн уым ӕмӕ демӕ дзурдзынӕн. Цы Уд дыл ис, уымӕй райсдзынӕн ӕмӕ дзы уыцы лӕгты схайджын кӕндзынӕн, цӕмӕй ацы адӕмыл мӕт кӕной демӕ ӕмӕ ды уыцы уаргъ иунӕгӕй мауал хӕссай.


Ничима ссыди уӕларвмӕ, уырдыгӕй Чи ӕрцыд, Уымӕй фӕстӕмӕ, — Уый у Адӕймаджы Фырт.


Уымӕн ӕмӕ Ӕз уӕларвӕй ӕрцыдтӕн Мӕхи цы фӕнды, уый нӕ, фӕлӕ, Мӕ Рарвитӕджы фӕндон ӕххӕст кӕнынмӕ.


Дунедарӕг-иу израилӕгтӕн ног фӕтӕджы куы радта, уӕд-иу йӕ фарсмӕ уыди Йӕхӕдӕг. Уымӕн ӕмӕ сын Дунедарӕг тӕригъӕд кодта, се знӕгты ӕфсондзы бын куыд хъӕрзынц, уымӕ кӕсгӕйӕ.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan