Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Апостолты хъуыддӕгтӕ 7:27 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

27 Фӕлӕ хионы ӕфхӕрӕг фесхуыста Моисейы ӕмӕ йын загъта: „Чи дӕ сӕвӕрдта махӕн хицау ӕмӕ тӕрхоны лӕгӕй?

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Апостолты хъуыддӕгтӕ 7:27
15 Iomraidhean Croise  

Ды Дӕ цагъары скодтай Дӕ аудыны аккаг, радтай мын стыр хорзӕх: фервӕзын мӕ кодтай. Гъе ӕрмӕст хӕхтӕм балидзын мӕ бон нӕ бауыдзӕни — бӕллӕх мӕ ӕрӕййафдзӕни фӕндагыл, ӕмӕ фесӕфдзынӕн.


Уый йын афтӕ: «Чи дӕ баурӕдта махӕн хицау ӕмӕ тӕрхоны лӕгӕй? Мӕн дӕр, мысыраджы куыд амардтай, афтӕ марынмӕ хъавыс?» Моисей фӕтарст, йӕхинымӕр загъта: «Бӕлвырд, уыцы хъуыддаг нӕ басусӕг ис».


Йесо Кувӕндоны адӕмы куы ахуыр кодта, уӕд Ӕм бацыдысты алчертӕ ӕмӕ адӕмы хистӕртӕ ӕмӕ Йӕ бафарстой: «Ды ӕппӕт уыдӕттӕ цавӕр хъаруйӕ кӕныс? Ахӕм бар Дын чи радта?»


Йесо йын дзуапп радта: «Чи Мӕ сӕвӕрдта сымахӕн тӕрхонгӕнӕгӕй кӕнӕ уӕ хъаст ӕвзарӕгӕй?»


Апостолты ӕрлӕууын кодтой сӕ разы ӕмӕ сӕ фарстой: «Уый цавӕр хъаруйӕ кӕнӕ кӕй номӕй бакодтат?»


Синедрионы чи уыди, уыдон уый куы фехъуыстой, уӕд сӕ маст рафыхт ӕмӕ сӕм сӕвзӕрд апостолты амарыны фӕнд.


Дӕу махӕн хицау ӕмӕ тӕрхоны лӕгӕй чи сӕвӕрдта, зӕгъгӕ, уыцы ныхӕстимӕ сӕхи кӕуыл атигъ кодтой, уыцы Моисейы ныр Хуыцау рарвыста хицау ӕмӕ тӕрхонгӕнӕгӕй, сындзкъутӕрӕй йӕм цы зӕд раргом ис, уый фӕрцы.


Фӕлӕ нӕ фыдӕлты нӕ бафӕндыди Моисейы коммӕ кӕсын, сӕхи йыл атигъ кодтой ӕмӕ сӕ зӕрдӕ ӕхсайдта Мысырмӕ.


Уыдӕттӕ хъусгӕйӕ, синедрионы уӕнгтӕ мӕстӕй тъӕппытӕ хаудтой ӕмӕ йӕм сӕ дӕндӕгты къӕс-къӕс цыди.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan