Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Апостолты хъуыддӕгтӕ 7:25 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

25 Ӕнхъӕл уыди, Хуыцау сӕ йӕ фӕрцы цагъарадӕй кӕй ирвӕзын кӕны, уый йе ’фсымӕртӕ бамбардзысты, зӕгъгӕ, фӕлӕ йӕ уыдон нӕ бамбӕрстой.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Апостолты хъуыддӕгтӕ 7:25
20 Iomraidhean Croise  

Арамы паддзахы ӕфсады хицау Нееман уыди хъотырнизӕй рынчын. Ӕнӕуи номдзыд лӕг уыди, дзырддзӕугӕ лӕг, стӕй хъӕбатыр хӕстон. Уый фӕрцы Дунедарӕг Арамӕн лӕвӕрдта уӕлахизы амонд.


фӕндаг сын бацамыдта, цы сахары ӕрцӕрӕн ис, уырдӕм.


Аракӕс-бакӕс кодта Моисей ӕмӕ, йӕ алыварс куы ничи уыд, уӕд амардта мысыраджы ӕмӕ йын йӕ мард змисы баныгӕдта.


Фӕлӕ Йын уыдон нӕ бамбӕрстой Йӕ ныхӕстӕ, бафӕрсын та Йӕ нӕ уӕндыдысты.


Уыдон Ын Йӕ ныхӕстӕн ницы бамбӕрстой. Цӕуыл дзырдта, уыдӕттӕ сын ӕргом нӕ уыдысты ӕмӕ сӕм нӕ бахъардтой.


Фӕлӕ Йӕ уыдон нӕ бамбӕрстой — ӕргом сын нӕ уыдысты уыцы ныхӕстӕ ӕмӕ сӕм нӕ бахъардтой, бафӕрсын та Йӕ нӕ уӕндыдысты.


Куы бахӕццӕ сты, уӕд ӕрӕмбырд кодтой аргъуаны уӕнгты ӕмӕ радзырдтой, Хуыцау сӕ фӕрцы цыдӕриддӕр сарӕзта, стӕй муртаттӕгтӕн уырнындзинады дуар куыд байгом кодта, уый тыххӕй.


Йерусалиммӕ куы ӕрхӕццӕ сты, уӕд сыл ӕхсызгонӕй сӕмбӕлдысты аргъуан, апостолтӕ ӕмӕ хистӕртӕ. Павел ӕмӕ сын Варнавӕ радзырдтой, Хуыцау сӕ фӕрцы цыдӕриддӕр сарӕзта, уыдӕтты тыххӕй.


Дзӕвгар ыл куы фӕбыцӕу кодтой, уӕд Петр сыстад ӕмӕ загъта: «Ӕфсымӕртӕ, сымах зонут, фыццаг бонтӕй фӕстӕмӕ Хуыцау сымахӕй мӕн сӕвзӕрста, цӕмӕй муртаттӕгтӕ мӕ дзыхӕй фехъусой Фарны Уац ӕмӕ баууӕндой.


Павел сын салам радта ӕмӕ бӕлвырд радзырдта, йӕ куысты руаджы Хуыцау муртаттӕгты ӕхсӕн цы сарӕзта, уый тыххӕй.


Моисей федта, иу мысыраг дзуттаджы куыд ӕфхӕрдта, уый ӕмӕ дзуттаджы фарс рахӕцыд, амардта мысыраджы ӕмӕ йын афтӕмӕй йӕ маст райста.


Дыккаг бон дзуттӕгты кӕрӕдзийы нӕмгӕ куы федта, уӕд сӕм бацыд ӕмӕ сӕ фидауын кодта: „Ӕфсымӕртӕ куы стут, кӕрӕдзийы хъыджы цӕмӕн цӕут?“


Цӕмӕй муртаттӕгтӕ Хуыцауы коммӕ кӕсын райдайой, уый тыххӕй Чырысти мӕ фӕрцы цы сарӕзта, уымӕй уӕлдай мӕ ныфс ницӕй тыххӕй зӕгъынмӕ хӕссын. Чырысти уыдӕттӕ сӕххӕст кодта ныхас ӕмӕ хъуыддагӕй,


Фӕлӕ ӕз, цы дӕн, уый Хуыцауы хорзӕхӕй дӕн. Ӕмӕ Йӕ хорзӕхӕй хайджын дзӕгъӕлы нӕ фӕдӕн: ӕз се ’ппӕтӕй дӕр фылдӕр бакуыстон — ӕниу, ӕз нӕ, фӕлӕ мемӕ чи ис, Хуыцауы уыцы хорзӕх.


Мах Хуыцауимӕ стӕм ӕмкусджытӕ, сымах та стут Хуыцауы хуым, Хуыцауы бӕстыхай.


Мах, Хуыцауы ӕмкусджытӕ, курӕм сымахӕй: Хуыцау уӕ цы хорзӕхӕй схайджын кодта, уый уын дзӕгъӕлы ма фӕуӕд.


Чырыстийы хъомысджын тыхӕй ӕз уый сӕраппонд кусыныл мӕхи хъарын.


Уӕд Иудейы цӕрджытӕ загътой: «Мах ӕрбацыдыстӕм, цӕмӕй дӕ сбӕттӕм ӕмӕ дӕ филистимӕгты къухмӕ раттӕм». Самсон сын загъта: «Сомы ракӕнут, кӕй мӕ нӕ амардзыстут, уый тыххӕй».


Фӕлӕ адӕм Саулӕн загътой: «Ау, Ионатан хъуамӕ амӕла, Израилӕн ахӕм стыр уӕлахиз чи ӕрхаста, уый? Тобӕ зӕгъ! Сомы кӕнӕм Дунедарӕгӕй, йӕ сӕрӕй иу ӕрду дӕр не ’рхаудзӕн, уымӕн ӕмӕ йын абон Хуыцау радта уыцы уӕлахиз». Афтӕмӕй адӕм фервӕзын кодтой Ионатаны: йӕ сӕры хыгъдмӕ ӕрхастой нывонд, ӕмӕ сӕрӕгасӕй баззади.


Йӕ цард дӕр ӕвгъау нӕ кодта, афтӕмӕй амардта филистимаг богалы, ӕмӕ Дунедарӕг Израилӕн радта стыр уӕлахиз. Ды уыдӕттӕ куы федтай ӕмӕ куы бацин кодтай, уӕд дӕ цӕмӕн фӕнды ӕназым туг ныккалын, Давиды ӕнаххосӕй амарын?»


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan