16 Сӕ мӕрдтӕ сын рахастой Шехеммӕ ӕмӕ, Авраам Хаморы байзӕддӕгтӕй ӕвзистӕй цы зӕппадз балхӕдта, уым сӕ бавӕрдтой.
Авраам сразы ис Ефронимӕ. Хеттӕгты раз цас загъта, уый бӕрц ын сбарста ӕвзист — цыппарсӕдӕ шекелы, сӕудӕджертӕ куыд фӕбарынц, афтӕ.
«Ӕз ӕрцӕуӕггаг дӕн, фӕлӕ уе ’хсӕн рагӕй цӕрын. Уӕ зӕххӕй мын иу гӕппӕл схай кӕнут, цӕмӕй дзы мӕ усы мард баныгӕнон».
Афтӕ амарди Рахел, ӕмӕ йӕ бавӕрдтой Ефрафӕмӕ (ома Вифлееммӕ) фӕндагыл.
фӕлӕ, мӕ фыдӕлтыл куы бафтон, уӕд-иу мӕ ардыгӕй алас ӕмӕ-иу мӕ бавӕр мӕ фыдӕлты зӕппадзы». Йосеф ын дзуапп радта: «Куыд зӕгъыс, афтӕ бакӕндзынӕн».
Йаковы фырттӕ сӕххӕст кодтой сӕ фыды фӕдзӕхст,
ахастой йӕ Ханааны зӕхмӕ ӕмӕ йӕ бавӕрдтой, Мамрейы ныхмӕ Махпелайы быдыры цы лӕгӕт уыди, уым. Уыцы быдыр кӕддӕр Авраам хеттаг Ефронӕй зиан бавӕрыны тыххӕй балхӕдта.
Моисей йемӕ рахаста Йосефы стджытӕ дӕр, уымӕн ӕмӕ Йосеф йӕ рӕстӕджы Израилы фырттӕн ард бахӕрын кодта — бафӕдзӕхста сын: «Хуыцауы зӕрдыл куы ӕрлӕууат, уӕд-иу мын ме стджытӕ Мысыры ма ныууадзут».
Израилӕгтӕ Йосефы стджытӕ дӕр, Мысырӕй семӕ кӕй рахастой, уыдон, баныгӕдтой Шехемы, Йаков Шехемы фыд Хаморы фырттӕй сӕдӕ ӕвзист ӕхцайӕ кӕй балхӕдта ӕмӕ Йосефы байзӕддагӕн фыдӕй-фыртмӕйы исбон чи сси, уыцы зӕххы хайы.