Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Апостолты хъуыддӕгтӕ 7:15 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

15 Йаков ӕрбацыди Мысырмӕ, ӕмӕ уым амардысты йӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ нӕ фыдӕлтӕ дӕр.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Апостолты хъуыддӕгтӕ 7:15
13 Iomraidhean Croise  

Израил йе ’ппӕт исбонимӕ сыстади Ханааны зӕххӕй. Беер-Шевӕмӕ куы бахӕццӕ ис, уӕд йӕ фыд Исаакы Хуыцауӕн ӕрхаста нывӕндтӕ.


фӕлӕ, мӕ фыдӕлтыл куы бафтон, уӕд-иу мӕ ардыгӕй алас ӕмӕ-иу мӕ бавӕр мӕ фыдӕлты зӕппадзы». Йосеф ын дзуапп радта: «Куыд зӕгъыс, афтӕ бакӕндзынӕн».


Йаков Йӕ фырттӕн уыцы фӕдзӕхстытӕ куы загъта, уӕд йӕ хуыссӕнуаты йӕхи ауагъта ӕмӕ уыйадыл йӕ уд систа, йӕ фыдӕлтӕм ацыд.


Ӕмӕ Хуыцау загъта: «Фесафдзынӕн сӕ!» Фӕлӕ Йе ’взӕрст адӕймаг Моисей къӕдзӕхы скъуыды ’рлӕууыди Йӕ размӕ, цӕмӕй Йын аздаха Йӕ маст, цӕмӕй сӕ Уый ма бабын кӕна.


Амард Йосеф, амардысты йе ’фсымӕртӕ, удӕгас ничиуал уыд сӕ фӕлтӕрӕй дӕр.


Моисей йемӕ рахаста Йосефы стджытӕ дӕр, уымӕн ӕмӕ Йосеф йӕ рӕстӕджы Израилы фырттӕн ард бахӕрын кодта — бафӕдзӕхста сын: «Хуыцауы зӕрдыл куы ӕрлӕууат, уӕд-иу мын ме стджытӕ Мысыры ма ныууадзут».


Нӕ фыдӕлтӕ Мысырмӕ фӕцыдысты, ӕмӕ Мысыры бирӕ фӕцардыстӕм. Мысырӕгтӕ мах дӕр нӕ фыдӕлтау уӕлӕмӕ скӕсын нӕ уагътой.


Дӕс ӕмӕ ӕртиссӕдз уыдысты дӕ фыдӕлтӕ, Мысырмӕ куы фӕхаудтой, уӕд, ныр та дын Дунедарӕг, дӕ Хуыцау, дӕ мыггаг арвы стъалытау сбирӕ кодта.


Ды та-иу зӕгъ Дунедарӕджы, дӕ Хуыцауы раз: „Мӕ фыдӕлтӕ уыдысты цӕугӕцардгӕнӕг арамейӕгтӕ. Армыдзагӕй Мысырмӕ фӕхаудтой, уым ӕрцардысты, ӕмӕ сӕ мыггаг даргъ-уӕрӕх ацыди, бабирӕ сты ӕмӕ хъаруджын адӕм систы.


Израилӕгтӕ Йосефы стджытӕ дӕр, Мысырӕй семӕ кӕй рахастой, уыдон, баныгӕдтой Шехемы, Йаков Шехемы фыд Хаморы фырттӕй сӕдӕ ӕвзист ӕхцайӕ кӕй балхӕдта ӕмӕ Йосефы байзӕддагӕн фыдӕй-фыртмӕйы исбон чи сси, уыцы зӕххы хайы.


Исаакӕн радтон Йаковы ӕмӕ Исавы. Исавӕн фыдӕй-фыртмӕйы исбонӕн радтон Сеиры хох, Йаков ӕмӕ йӕ фырттӕ та Мысырмӕ ацыдысты.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan