14 Йосеф арвыста хонӕг йӕ фыд Йаков ӕмӕ йе ’ппӕт хиуӕттӕм — фынддӕс ӕмӕ ӕртиссӕдз адӕймагмӕ.
Мӕ фыдӕн фехъусын кӕнут, Мысыры мын цы стыр кад ис, уый. Цыдӕриддӕр федтат, уый йын рафӕзмут ӕмӕ йӕ ӕвӕстиатӕй ардӕм ӕркӕнут».
Иудӕйы фырттӕ: Ер, Онан, Шела, Парец, Зарах. Ӕцӕг, Ер ӕмӕ Онан амардысты Ханааны зӕххыл. Парецы фырттӕ: Есром ӕмӕ Хамул.
Ӕмӕ Хуыцау загъта: «Фесафдзынӕн сӕ!» Фӕлӕ Йе ’взӕрст адӕймаг Моисей къӕдзӕхы скъуыды ’рлӕууыди Йӕ размӕ, цӕмӕй Йын аздаха Йӕ маст, цӕмӕй сӕ Уый ма бабын кӕна.
Йосефимӕ — уый раздӕр афтыди Мысырмӕ — Йаковы байзӕддӕгтӕ ӕдӕппӕтӕй уыдысты дӕс ӕмӕ ӕртиссӕдз.
Ӕмӕ йын йӕ ныхасыл чи баууӕндыд, уыдоныл саргъуыдӕуыд, ӕмӕ уыцы бон уырнджытыл бафтыд ӕртӕ мин адӕймаджы бӕрц.
Дӕс ӕмӕ ӕртиссӕдз уыдысты дӕ фыдӕлтӕ, Мысырмӕ куы фӕхаудтой, уӕд, ныр та дын Дунедарӕг, дӕ Хуыцау, дӕ мыггаг арвы стъалытау сбирӕ кодта.