11 Уый фӕстӕ ӕппӕт Мысыры ӕмӕ Ханааны зӕххыл скодта стонг рӕстӕг, адӕм хъизӕмарӕй мардысты, хойраг нал уыди нӕ фыдӕлтӕм.
Ханааны зӕххыл стонг заман кӕй скодта, уымӕ гӕсгӕ Мысырмӕ афтыди бирӕ хорӕлхӕнӕг адӕм, уыдонимӕ Йаковы фырттӕ дӕр.
Стонг заман ноджы фӕкарздӕр ис Ханааны зӕххыл.
Уым дӕ тыхсын ницӕмӕй бауадздзынӕн. Стонг заман ма ахӕсдзӕни фондз азы, фӕлӕ нӕдӕр дӕхӕдӕг баййафдзынӕ исты хъуаг, нӕдӕр дӕ хӕдзаронтӕ, нӕдӕр дӕ фос“.
Ноджы ма загътой фараонӕн: «Мах ардӕм уымӕн ӕрцыдыстӕм цӕрынмӕ, ӕмӕ нӕ фосӕн хизӕнуат нал ис — Ханааны зӕххыл скодта ӕвирхъау стонг заман. Бар ратт дӕ цагъартӕн, цӕмӕй Гошены зӕххыл ӕрцӕрой».
Рӕсӕнуаты адӕм хӕлӕг кӕнын байдыдтой Моисеймӕ ӕмӕ Дунедарӕджы уаз лӕггадгӕнӕг Ааронмӕ.