Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Апостолты хъуыддӕгтӕ 6:5 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

5 Уыцы фӕндон фӕцыди се ’ппӕты зӕрдӕмӕ дӕр, ӕмӕ сӕвзӕрстой Стефаны, уырнындзинад ӕмӕ Сыгъдӕг Удӕй хайджын лӕджы, Филиппы, Прохоры, Никаноры, Тимоны, Пармены, стӕй муртаттӕгтӕй иудейаг динмӕ ӕрцӕуӕг антиохиаг Никколайы.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Апостолты хъуыддӕгтӕ 6:5
24 Iomraidhean Croise  

Ацы фӕнд фӕцыди фараон ӕмӕ йӕ дӕлдӕрты зӕрдӕмӕ,


Сабыр ныхас маст уромы, цӕхгӕр ныхас загъд къахы.


Йӕ бон дзуапп раттын кӕмӕн у, уыцы адӕймаг цин кӕны, ӕмӕ куыд хорз у афоныл загъд ныхас!


Ӕз та дзаг дӕн Дунедарӕджы Уды хъаруйӕ, рӕстдзинад ӕмӕ ӕхсарӕй, цӕмӕй Йаковӕн, йӕ азым цӕй мидӕг ис, уый зӕгъон ӕмӕ Израилӕн бамбарын кӕнон йӕ тӕригъӕд.


Сар уӕ сӕр, динамонджытӕ ӕмӕ фарисейтӕ, дыдзӕсгӕмттӕ! Сымах ӕрзилут денджыз ӕмӕ зӕххыл, цӕмӕй уӕ динмӕ иу адӕймаджы уӕддӕр раздахат, ӕмӕ уый уӕ къухы куы бафты, уӕд дзы зындоны хъӕбул саразут — уӕхицӕй дыууӕ хатты фыддӕр.


Стефаны мӕлӕты фӕстӕ сӕ ӕфхӕрын куы райдыдтой, уӕд, уырнджытӕй чи ныххӕлиу, уыдон бахӕццӕ сты Финикимӕ, Кипрмӕ ӕмӕ Антиохимӕ. Хуыцауы Дзырд амыдтой ӕрмӕстдӕр иудейӕгтӕн.


Фӕлӕ уыдонӕй иуӕй-иутӕ уыдысты кипрӕгтӕ ӕмӕ киренӕйӕгтӕ; ӕмӕ Антиохимӕ куы ӕрцыдысты, уӕд муртаттӕгтӕн дӕр хъусын кодтой Фарны Уац Бардарӕг Йесойы тыххӕй.


Уыцы хабар бахӕццӕ Йерусалимы аргъуанмӕ, ӕмӕ Варнавӕйы арвыстой Антиохимӕ.


Варнавӕ хӕларзӕрдӕ адӕймаг уыди, Сыгъдӕг Уд ӕмӕ уырнындзинадӕй хайджын. Ӕмӕ Бардарӕгыл баууӕндыдысты бирӕ адӕм.


Ӕнӕхъӕн аз аргъуаны фесты ӕмӕ ахуыр кодтой бирӕ адӕмы. Ахуыргӕнинӕгты фыццаг хатт чырыстӕттӕ схуыдтой Антиохийы.


Уыцы рӕстӕг Йерусалимӕй Антиохимӕ ӕрбацыдысты пехуымпартӕ.


Антиохийы аргъуаны уыди пехуымпартӕ ӕмӕ ахуыргӕнджытӕ: Варнавӕ, Нигер кӕй хуындӕуыд, уыцы Симеон, киренӕйаг Лукий, ӕлдариуӕггӕнӕг Иродимӕ чи хъомыл кодта, уыцы Манаин, ӕмӕ Савл.


Уӕд апостолтӕ ӕмӕ хистӕртӕ ӕппӕт аргъуанимӕ сфӕнд кодтой аргъуанӕй цалдӕр лӕджы сӕвзарын ӕмӕ сӕ Павелимӕ ӕмӕ Варнавӕимӕ Антиохимӕ арвитын. Ӕмӕ сӕрмагондӕй равзӕрстой, Варсавӕ дӕр ма кӕй хуыдтой, уыцы Иудӕйы, стӕй Силӕйы — ӕфсымӕрты ӕхсӕн дзырддзӕугӕдӕрты.


Се ’ппӕт дӕр схайджын сты Сыгъдӕг Удӕй ӕмӕ райдыдтой алы ӕвзӕгтыл дзурын, Уд сӕ куыд арӕзта, афтӕ.


Дыккаг бон араст стӕм Кесаримӕ. Уым бацыдыстӕм, аргъуан цы авд лӕджы сӕвзӕрста, уыдонӕй иумӕ — Фарны Уац хъусынгӕнӕг Филиппы хӕдзармӕ, ӕмӕ уымӕ баззадыстӕм.


Де ’вдисӕн Стефаны куы мардтой, уӕд уый дӕр ӕз нымадтон растыл; лӕууыдтӕн уым ӕмӕ хъахъхъӕдтон йӕ марджыты пӕлӕзтӕ“.


Фӕлӕ сӕ бон нӕ уыди йӕ зонды ныхмӕ, стӕй Кӕй фӕрцы дзырдта, уыцы Сыгъдӕг Уды ныхмӕ фӕлӕууын.


Уымӕ гӕсгӕ, ӕфсымӕртӕ, уӕхицӕй равзарут, Сыгъдӕг Удӕй хайджын, дзырддзӕугӕ ӕмӕ куырыхон авд лӕджы, ӕмӕ сӕ бафтауӕм уыцы куыстыл,


Стефан та, Хуыцауы хорзӕх ӕмӕ хъаруйӕ хайджынӕй, адӕмы раз арӕзта стыр диссӕгтӕ ӕмӕ ӕвдисӕйнӕгтӕ.


Уӕд ӕй алчер бафарста: «Цы дӕ дзурынц, уый ӕцӕг у?»


Афтӕ дӕумӕ дӕр ис николаитты ахуырадыл хӕст адӕймӕгтӕ.


Ӕниу дӕм хорзӕй уый ис, ӕмӕ, николаитты хъуыддӕгтӕ Мӕнӕн куыд ӕнӕуынон сты, афтӕ ӕнӕуынон сты дӕуӕн дӕр.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan