Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Апостолты хъуыддӕгтӕ 6:4 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

4 нӕхӕдӕг та иудадзыг кувдзыстӕм ӕмӕ кусдзыстӕм Хуыцауы Дзырд парахат кӕныныл».

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Апостолты хъуыддӕгтӕ 6:4
18 Iomraidhean Croise  

Кувӕндоны йӕ лӕггады рад куы ахицӕн ис, уӕд ӕрбаздӕхти йӕ хӕдзармӕ.


Се ’ппӕт дӕр, семӕ — сылгоймӕгтӕ, Йесойы мад Мариа ӕмӕ Йе ’фсымӕртӕ — иудадзыг ӕмзӕрдӕйӕ куывтой.


Уыдон фидар хӕцыдысты апостолты ахуырадыл, иумӕ уыди сӕ дзулсаст ӕмӕ кувгӕ дӕр иумӕ кодтой.


Хуыцау мын ӕвдисӕн — Йӕ Фырты Фарны Уац Ын адӕммӕ фӕхӕссыныл архайын ӕппӕт зӕрдӕйӕ, — мӕ куывдтыты уӕ ӕрымысын ӕдзухдӕр


Ӕз Фарны Уац адӕммӕ кӕй хӕссын, уымӕй мӕхицӕй нӕ раппӕлдзынӕн — уый мӕ хӕс у, ӕмӕ додой мӕ сӕр, Фарны Уац адӕммӕ куынӕ хӕссон, уӕд!


Кӕдфӕнды ма кувон уе ’ппӕты тыххӕй дӕр — алы хатт, цингӕнгӕ, фӕкувын.


Фӕнды мӕ, цӕмӕй зонат, уӕ сӕраппонд, стӕй лаодикиӕгты ӕмӕ, лӕгӕй-лӕгмӕ мӕ чи нӕ зоны, уыдоны сӕраппонд дӕр куыд бирӕ кусын, уый.


Салам уын ӕрвиты уӕхи Эпафрас, Йесо Чырыстийы цагъар. Уый иудадзыг сымах тыххӕй кувы ӕнувыдӕй, цӕмӕй уат ӕнӕфӕцудгӕ, ӕнӕгуырысхойӕ ӕууӕндат Хуыцауыл ӕмӕ алцӕмӕй дӕр Йӕ коммӕ кӕсат.


Зӕгъут Архиппӕн: «Бардарӕг дын дӕ бӕрны цы куыст бакодта, ууыл у ӕнувыд — кӕронмӕ йӕ ахӕццӕ кӕн».


хъусын кӕн Хуыцауы дзырд, амон ӕй, фадат дын куы уа, уӕд дӕр ӕмӕ дын куынӕ уа, уӕд дӕр. Цӕстмӕ дар, уайдзӕф кӕн, рӕвдау — амон фӕразонӕй.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan