15 Синедрионы чи бадти, уыдон се ’ппӕт дӕр Стефанмӕ кастысты ӕмӕ уыдтой: йӕ цӕсгом уыди зӕды цӕсгомау.
Куырыхонимӕ кӕй абардзынӕ? Алцы дын уый хуызӕн чи бамбарын кӕндзӕн? Куырыхоны цӕсгом рухс у, Ӕппӕтхъомыс ын йӕ цӕсгомы хуыз ивы.
Уӕд рӕстгӕнджытӕ та сӕ Фыды Паддзахады сӕрттивдзысты хурау. Хъустӕ кӕуыл ис, уый хъусӕд!
Сӕ разы Йӕ хуыз аивта — Йӕ цӕсгом сӕрттывта хурау, Йӕ дарӕс та рухсау урс-урсид фестади.
Ӕз та уын зӕгъын: суанг йе ’фсымӕрмӕ йӕ зӕрдӕйы маст чи хӕссы, уый дӕр дзуапп дӕтдзӕни тӕрхоны раз; йе ’фсымӕрӕн, «ницӕйаг дӕ», зӕгъгӕ, чи зӕгъа, уый дзуапп дӕтдзӕни синедрионы раз; «ӕнӕзонд» ӕй чи рахона, уымӕ та ӕнхъӕлмӕ кӕсы зындоны арт.
Уӕд та йын дыккаг хатт йӕ цӕстытыл авӕрдта Йӕ къухтӕ, куырм та ногӕй акаст ӕмӕ уыйадыл адзӕбӕх ис, хорз уынын райдыдта.
Уӕд ӕй алчер бафарста: «Цы дӕ дзурынц, уый ӕцӕг у?»
Мах не ’ппӕт дӕр гом цӕсгомимӕ кӕсӕм Бардарӕджы кадмӕ, уыцы кад зыны махыл дӕр ӕмӕ нӕ кӕны Бардарӕджы хуызӕн — уый аразы Бардарӕг, Уый та у Уд.