13 Цы мӕнгӕвдисӕнтӕ ӕрбахуыдтой, уыдон дзырдтой: «Ацы адӕймаг иудадзыг дзуры рухс Кувӕндон ӕмӕ Моисейы Ӕгъдауы ныхмӕ.
Дӕ хорзӕхы аккаг скӕн, чи Дӕ зоны, уыдоны, Дӕ рӕстады фарнӕй схайджын кӕн рӕстзӕрдӕты!
Тугдзых домбӕйтты, лӕгхорты ахӕсты фӕдӕн. Сӕ дӕндӕгтӕ — ӕрцытӕ ӕмӕ фаттӕ, се ’взӕгтӕ — цыргъ кӕрдтӕ.
Се ’ппӕт дӕр схъахбай сты, хыссӕ цалынмӕ хӕрдмӕ цӕуы, уӕдмӕ кӕрдзынгӕнӕг цы зынг пец фӕуадзы, уыйау — арт цырен кӕнын нал хъӕуы!
Уӕдӕ, пехуымпар Даниил куыд загъта, афтӕ уаз бынаты „ӕлгъаг заууат“ куы фенат, — чиныгкӕсӕг ӕй бамбарӕд, —
Алчертӕ ӕмӕ ӕппӕт синедрион Йесойы ныхмӕ агуырдтой мӕнг ӕвдисӕйнӕгтӕ, цӕмӕй Йын амарыны тӕрхон рахӕссой.
Хъӕр систой: «Израилӕгтӕ, баххуыс кӕнут! Ацы адӕймаг алкӕй дӕр ӕмӕ алы ран дӕр ахуыр кӕны нӕ адӕмы, Ӕгъдауы ӕмӕ ацы бынаты ныхмӕ. Суанг ма муртаттӕгты дӕр бахуыдта Кувӕндонмӕ ӕмӕ фӕчъизи кодта ацы сыгъдӕг бынат!»
Павел йӕхи сраст кӕнынӕн загъта: «Ӕз иу тӕригъӕд дӕр нӕ ракодтон нӕдӕр иудейаг Ӕгъдауы ныхмӕ, нӕдӕр Кувӕндоны ныхмӕ, нӕдӕр кесӕры ныхмӕ».
Уӕд кӕйдӕрты сардыдтой, ӕмӕ уыдон загътой: «Мах фехъуыстам, Моисей ӕмӕ Хуыцауы куыд фаудта, уый».
Ракодтой йӕ фӕссахармӕ ӕмӕ йыл дурадзагъдӕй ралӕууыдысты. Ӕвдисӕнтӕ та сӕ пӕлӕзтӕ ныууагътой, йӕ ном Савл кӕмӕн уыд, уыцы лӕппуимӕ.
Сауджынты лӕггад ӕндӕрӕй куы баивдӕуа, уӕд Ӕгъдау дӕр хъуамӕ ӕнӕмӕнг баивдӕуа.