Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Апостолты хъуыддӕгтӕ 6:12 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

12 Афтӕмӕй сызмӕстой адӕмы, хистӕрты ӕмӕ динамонджыты, ӕмӕ уыдон балӕбурдтой, ӕрцахстой Стефаны ӕмӕ йӕ акодтой синедрионмӕ.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Апостолты хъуыддӕгтӕ 6:12
15 Iomraidhean Croise  

Мӕстыгӕр хъаугъатӕ тауы, фӕразон загъд басабыр кӕны.


Йесойы чи ӕрцахста, уыдон Ӕй акодтой алчер Каиафӕмӕ. Уым ӕмбырдӕй уыдысты динамонджытӕ ӕмӕ адӕмы хистӕртӕ.


Ӕз та уын зӕгъын: суанг йе ’фсымӕрмӕ йӕ зӕрдӕйы маст чи хӕссы, уый дӕр дзуапп дӕтдзӕни тӕрхоны раз; йе ’фсымӕрӕн, «ницӕйаг дӕ», зӕгъгӕ, чи зӕгъа, уый дзуапп дӕтдзӕни синедрионы раз; «ӕнӕзонд» ӕй чи рахона, уымӕ та ӕнхъӕлмӕ кӕсы зындоны арт.


Иу бон та Йесо адӕмы Кувӕндоны куы ахуыр кодта ӕмӕ сын Фарны Уац куы хъусын кодта, уӕд Ӕм алчертӕ ӕмӕ динамонджытӕ бацыдысты адӕмы хистӕртимӕ


Фӕлӕ иудейӕгтӕ сардыдтой дингӕнӕг уӕздан сылгоймӕгты, стӕй сахары хицӕутты. Павел ӕмӕ Варнавӕйы фӕдыл зилын райдыдтой, ӕмӕ сӕ уырдыгӕй ратардтой.


Хуыцауы Дзырдӕн чи нӕ басаст, уыцы иудейӕгтӕ та сызмӕстой муртаттӕгты ӕмӕ сӕ сардыдтой ӕфсымӕрты ныхмӕ.


Павел Хуыцауы Дзырд Верийы дӕр кӕй хъусын кӕны, уый фессалоникаг иудейӕгтӕ куы базыдтой, уӕд ӕрбацыдысты уырдӕм дӕр, райдыдтой адӕмы ардауын ӕмӕ сӕ знӕт кӕнын.


Фӕлӕ Ахайӕн йӕ хицау Галлион куы уыди, уӕд иудейӕгтӕ ӕмвӕндӕй балӕбурдтой Павелмӕ ӕмӕ йӕ ӕрбакодтой тӕрхондонмӕ,


Уыцы авд боны куы фӕуд кодтой, уӕд асиаг иудейӕгтӕ Павелы федтой Кувӕндоны, сардыдтой йыл ӕппӕт адӕмы ӕмӕ йӕ ӕрцахстой.


Ӕрцахсын кодтой апостолты ӕмӕ сӕ сахары ахӕстоны бакодтой.


Ӕрбакодтой апостолты ӕмӕ сӕ ӕрлӕууын кодтой синедрионы раз. Алчер сӕ бафарста:


Уӕд кӕйдӕрты сардыдтой, ӕмӕ уыдон загътой: «Мах фехъуыстам, Моисей ӕмӕ Хуыцауы куыд фаудта, уый».


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan