Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Апостолты хъуыддӕгтӕ 6:10 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

10 Фӕлӕ сӕ бон нӕ уыди йӕ зонды ныхмӕ, стӕй Кӕй фӕрцы дзырдта, уыцы Сыгъдӕг Уды ныхмӕ фӕлӕууын.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Апостолты хъуыддӕгтӕ 6:10
18 Iomraidhean Croise  

Уымӕн ӕмӕ мӕ ныхӕстӕ мӕ былалгъмӕ схӕццӕ сты, мӕ уд мӕ хуылфы скатай ис,


Фӕлӕ адӕймагӕн йӕ мидӕг ис царды комулӕфт, уд, Ӕппӕтхъомысы комулӕфт ӕй схайджын кӕны зондӕй!


Цу уӕдӕ! Ӕз демӕ уыдзынӕн, куы дзурай, уӕд. Цы зӕгъын хъӕуы, уый дын Ӕз Мӕхӕдӕг бацамондзынӕн».


Дӕ ныхмӕ рацӕуыны охыл хӕцӕнгарз саразын дӕр никӕмӕнуал бантысдзӕн. Суанг тӕрхоны мидӕг дӕр дӕ зылынгӕнӕгӕн дӕхӕдӕг йӕхи базылын кӕндзынӕ. Ахӕм хъысмӕт саккаг кодтон Ӕз Мӕ лӕггадгӕнӕг адӕмӕн — Мӕхӕдӕг дзурдзынӕн сӕ сӕрыл ӕмӕ сӕ сраст кӕндзынӕн», — зӕгъы Дунедарӕг.


Ацы адӕмӕн дӕ Ӕз фидар ӕрхуы сисӕй сӕвӕрдзынӕн. Уыдон дӕ ныхмӕ тох кӕндзысты, фӕлӕ дыл нӕ фӕуӕлахиз уыдзысты, уымӕн ӕмӕ Ӕз демӕ дӕн ӕмӕ дыл Мӕ арм дардзынӕн, — зӕгъы Дунедарӕг.


Фӕлӕ Ӕз демӕ куы сдзурон, уӕд дын дӕ дзых байгом кӕндзынӕн, ӕмӕ сын ды зӕгъдзынӕ: „Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау“. Ӕмӕ, байхъусын кӕй фӕнда, уый-иу байхъусӕд, кӕй нӕ фӕнда, уый та-иу ма байхъусӕд, уымӕн ӕмӕ уыдон ӕгоммӕгӕс адӕм сты.


Ӕз та дзаг дӕн Дунедарӕджы Уды хъаруйӕ, рӕстдзинад ӕмӕ ӕхсарӕй, цӕмӕй Йаковӕн, йӕ азым цӕй мидӕг ис, уый зӕгъон ӕмӕ Израилӕн бамбарын кӕнон йӕ тӕригъӕд.


Илийайы уд ӕмӕ хъаруимӕ цӕудзӕни Бардарӕджы разӕй, цӕмӕй фыдӕлтӕ ӕмӕ сӕ цоты зӕрдӕтӕ раздаха кӕрӕдзимӕ, хивӕндты раст зондыл сараза ӕмӕ адӕмы бацӕттӕ кӕна Бардарӕджы ӕрцыдмӕ».


Уымӕн ӕмӕ уын Ӕз ахӕм ӕвзаг ӕмӕ куырыхон зонд ратдзынӕн, уе знӕгтӕ ӕмбырдӕй уӕ ныхмӕ фӕлӕууын дӕр ӕмӕ уӕм сдзурын дӕр куыд нӕ бафӕразой.


Хъахъхъӕнджытӕ сын дзуапп радтой: «Уыцы Адӕймаг куыд ныхас кӕны, афтӕ никуы ничи дзырдта».


Кӕд Хуыцауӕй у, уӕд та уӕ бон нӕ бауыдзӕн сӕ бауромын. Афтӕ ма рауайӕд, ӕмӕ Хуыцауы ныхмӕ тохгӕнджытӕ суат».


Уӕд кӕйдӕрты сардыдтой, ӕмӕ уыдон загътой: «Мах фехъуыстам, Моисей ӕмӕ Хуыцауы куыд фаудта, уый».


Цавӕрдӕр киренӕгтӕ ӕмӕ александриӕгтӕ сӕрибар райсджыты Синагогӕ кӕй хуыдтой, уырдӕм цӕуджытӕ, стӕй ма Килики ӕмӕ Асийӕ чидӕртӕ быцӕу кӕнын райдыдтой Стефанимӕ.


Хиваст адӕм! Сымахӕн уӕ зӕрдӕтӕ ӕмӕ уӕ хъустӕ сунӕтгонд не сты! Сымах стут уӕ фыдӕлты хуызӕн — кӕддӕриддӕр Сыгъдӕг Уды ныхмӕ лӕуут.


Ӕмӕ Фарны Уац хъусын кодтон, адӕймаджы уӕлзондӕй чи райгуыры, ахӕм уырнинаг ныхӕсты фӕрцы нӕ, фӕлӕ Сыгъдӕг Уды хъаруимӕ,


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan