6 Лӕппутӕ ӕрбацыдысты ӕмӕ йын йӕ мард ныгӕнынмӕ ӕрцӕттӕ кодтой, стӕй йӕ рахастой ӕмӕ баныгӕдтой.
Авессаломы мард ӕристой, хъӕды йӕ уыцы ран иу арф дзыхъхъы ныппӕрстой ӕмӕ йыл дуртӕ бӕрзонд сцӕнд кодтой. Израилӕгтӕй та алчи йӕ хӕдзармӕ фӕлыгъди.
Уыдон Йесойы мард, иудейаг ӕгъдаумӕ гӕсгӕ, хӕрздӕфгӕнӕнтимӕ гӕнӕй уӕфт мӕрддзӕгты батыхтой.
Ӕртӕ сахаты фӕстӕ йӕ ус дӕр ӕрбахӕццӕ, ныр, цы ӕрцыди, уый та нӕ зыдта.
уӕд мардӕн ӕхсӕвы хъӕдыл ауыгъдӕй ныууадзӕн нӕй, ӕмбойны йӕ баныгӕнын хъӕуы. Хъӕдыл ауыгъд Хуыцауӕй ӕлгъыст у! Уӕдӕ ма чъизи кӕнут, Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, сымахӕн исбонӕн кӕй дӕтты, уыцы зӕхх!