5 Уыцы ныхӕстӕ фехъусгӕйӕ, Ананиа дзыхъмард фӕци ӕмӕ адӕргъ ис зӕххыл. Уыцы хабар чи фехъуыста, уыдоны стыр тас бацыди.
Уый сӕм бакаст ӕмӕ сӕ Дунедарӕджы номӕй ралгъыста. Уыйадыл хъӕдӕй рацыди дыууӕ сыл арсы ӕмӕ сын сӕ къордӕй дыууӕ ӕмӕ дыууиссӕдз сабийы аргӕвстой.
Уыцы бон Давид тынг фӕтарсти Хуыцауӕй ӕмӕ загъта: «Цы ныфсӕй ма бахӕссон Хуыцауы Фидыды Чырын мӕхимӕ?»
Амӕй размӕ Фидыды Чырын хӕсджытӕ сымахӕй кӕй нӕ уыдысты, куыд ӕмбӕлы, афтӕ ӕнувыд ыл кӕй нӕ уыдыстӕм, уый тыххӕй нӕ бафхӕрдта Дунедарӕг, нӕ Хуыцау».
Зӕххы кӕрӕтты Де ’вдисӕйнӕгтӕй адӕм фыр тӕссӕй ризынц, скӕсӕн ӕмӕ Дӕ ныгуылӕны стауынц.
Дунедарӕг, Уӕларвӕфсады Бардарӕг, зӕгъы: «Афтӕ кӕй дзурынц, уый тыххӕй Ӕз Мӕ ныхӕстӕ арт фестын кӕндзынӕн дӕ дзыхы, ацы адӕм та фестдзысты сугтӕ, ӕмӕ сӕ уыцы арт аныхъуырдзӕн.
Ӕз пехуымпариуӕг куыд кодтон, афтӕ амарди Бенайайы фырт Пелатиа. Уӕд ӕз зӕххыл ныддӕлгом дӕн ӕмӕ хъӕрӕй сдзынӕзтон: «О Дунедарӕг Хуыцау! Ау, бынтондӕр бабын кӕндзынӕ, Израилы адӕмӕй ма чи аирвӕзти, уыдоны?»
Моисей Ааронӕн загъта: «Гъе уымӕн дзырдта Дунедарӕг: „Мӕ разы чи лӕууы, уыдоныл Ӕз равдисдзынӕн, уаз кӕй дӕн, уый, мӕ кад ӕппӕт адӕмы раз равдисдзынӕн“». Аарон хъусӕй лӕууыд.
Ныр дӕ Бардарӕджы къух ӕрцӕвдзӕн, бакуырм уыдзынӕ ӕмӕ, цалынмӕ афон ралӕууа, уӕдмӕ хуры рухс нӕ фендзынӕ». Елимайыл ӕваст боны рухс ӕрбатар ис, ӕмӕ рафт-бафт кодта, йӕ къухыл ын чи хӕца, ахӕмы агуырдта.
Апостолты фӕрцы-иу сарӕзтӕуыд бирӕ диссӕгтӕ ӕмӕ ӕвдисӕйнӕгтӕ, ӕмӕ алы адӕймагмӕ дӕр уыди Хуыцауы тас.
Семӕ баиумӕ ӕддагӕттӕй йӕ ныфс ничи хаста, фӕлӕ сын адӕм кад кодтой.
Куыд уӕ фӕнды? Лӕдзӕгимӕ уӕм ӕрцӕуон ӕви уарзтимӕ ӕмӕ сӕрныллӕг зӕрдӕимӕ?
Ӕппӕт уыдӕттӕ уӕм фӕсаууонмӕ уый тыххӕй фыссын, ӕмӕ, сымахмӕ куы уон, уӕд мӕ ма бахъӕуа мӕхи карзӕй равдисыны сӕр, халынӕн нӕ, фӕлӕ мын аразынӕн Бардарӕг цы бартӕ радта, уыдонмӕ гӕсгӕ.
Дыккаг хатт уӕм куы уыдтӕн, уӕд рагацау загътон, тӕригъӕды чи бафтыд, уыдонӕн дӕр ӕмӕ иннӕтӕн се ’ппӕтӕн дӕр; ныр та фӕсаууонмӕ ногӕй зӕгъын: куы ӕрцӕуон, уӕд хатыр никӕмӕн уыдзӕн.
Кӕсут-ма: Хуыцауӕн фӕндон хъыг уӕ куыд тынг ӕнувыд скодта, куыд зӕрдиагӕй уӕ бафӕндыд уӕ ном бахъахъхъӕнын, куыд тынг смӕсты стут, куыд егъау у уӕ тас, куыд иузӕрдион ныл разындыстут, куыд тынг разӕнгард стут азымджыны бафхӕрынмӕ! Сымах алцӕмӕй дӕр равдыстат, уыцы хъуыддаджы сыгъдӕг кӕй стут, уый.
Ӕгас Израил фехъусдзысты уыцы хабар, тас сыл бахӕцдзӕн, ӕмӕ ахӕм ми ничиуал бакӕндзӕн уе ’хсӕн.
Ӕмӕ йӕ сахары цӕрджытӕ дурты бын фӕкӕнӕнт. Фесафут фыддзинад уе ’хсӕнӕй! Ӕгас Израилы айхъуысдзӕн хабар, ӕмӕ адӕм се ’ппӕт дӕр адӕргӕй нырриздзысты.
Зарахы фырт Ахан, ӕлгъыстаг цы уыд, уымӕ куы фӕныхылдта, уӕд иунӕгӕй нӕ сарӕзта йӕ фыдракӕнд? Фӕлӕ иунӕг йӕхӕдӕг нӕ амарди йӕ тӕригъӕды аххосӕй. Хуыцауы фыдӕх баййӕфта Израилы ӕппӕт адӕмы дӕр».
Ӕмӕ уайтӕккӕ зӕхх тынг нынкъуысти, сахары дӕсӕймаг хай ныппырх. Зӕххӕнкъуысты фӕмард авд мин адӕймаджы. Иннӕты бацыд тас, ӕмӕ кад кодтой Уӕларвон Хуыцауӕн.
Искӕй уыдонӕн фыдбылыз ракӕнын куы бафӕнда, уӕд сӕ комӕй рацӕудзӕн арт ӕмӕ сын се знӕгты аныхъуырдзӕн. Афтӕ амӕлдзӕн, уыдонӕн фыдбылыз ракӕнын кӕй бафӕнда, уый.