42 Алы бон дӕр Кувӕндоны ӕмӕ хӕдзари-хӕдзар иудадзыг амыдтой адӕмӕн ӕмӕ хъусын кодтой Йесо Чырыстийы Фарны Уац.
Уадз ӕмӕ ноджы ницӕйагдӕр фестон, ноджы тынгдӕр ӕрныллӕг уон Йӕ разы, фӕлӕ, кӕмӕй загътай, уыцы унӕутты цӕсты та ӕз уыдзынӕн кадджын».
Боныгон Йесо адӕмы ахуыр кодта Кувӕндоны, изӕрӕй та-иу ацыд ӕмӕ-иу Йе ’хсӕв арвыста, Елеон цы хох хуынди, ууыл.
Ӕз ӕрвылбон Кувӕндоны уемӕ уыдтӕн, ӕмӕ Мыл уӕ къух дӕр нӕ андзӕвыди. Фӕлӕ ныр уӕ рӕстӕг у — талынг хицауиуӕг кӕны».
Фӕлӕ уыдонӕй иуӕй-иутӕ уыдысты кипрӕгтӕ ӕмӕ киренӕйӕгтӕ; ӕмӕ Антиохимӕ куы ӕрцыдысты, уӕд муртаттӕгтӕн дӕр хъусын кодтой Фарны Уац Бардарӕг Йесойы тыххӕй.
Ӕмӕ уын мах ӕрхастам уыцы Фарны Уац: Хуыцау нӕ фыдӕлтӕн зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, уый радта махӕн, сӕ цотӕн, — Йесойы мӕрдтӕй райгас кодта,
Эпикурион ӕмӕ стоикон философтӕй иуӕй-иутӕ райдыдтой йемӕ быцӕу кӕнын. Сӕ иутӕ дзырдтой: «Цы зӕгъынмӕ хъавы уыцы дзӕгъӕлдзых?» Иннӕтӕ та: «Ӕнхъӕлдӕн, уый ӕцӕгӕлон хуыцӕуттыл ӕууӕндын кӕны». Уымӕн ӕмӕ сын Павел дзырдта Фарны Уац Йесойы тыххӕй ӕмӕ сын кодта мӕрдтӕй райгасы кой.
ӕмбарын сын ӕй кодта ӕмӕ архайдта ууыл, цӕмӕй баууӕндой: Чырысти хъуамӕ фӕхъизӕмар кодтаид ӕмӕ райгас уыдаид. Дзырдта сын, ӕз уын цы Йесойы тыххӕй хъусын кӕнын, Уый Чырысти у, зӕгъгӕ.
Алы бон дӕр-иу ӕмзӕрдӕйӕ ӕрӕмбырд сты Кувӕндоны; сыгъдӕгзӕрдӕйӕ, цинимӕ уыди сӕ хӕрд куы иу хӕдзары, куы иннӕйы.
Сымах зонут, ӕз кӕй ницы басусӕг кодтон, ахъаз уын цы уыди, уымӕй. Ӕппӕт уыдӕттӕ уын амыдтон ӕмӕ уӕ ахуыр кодтон адӕмы раз ӕмӕ хӕдзаргай.
Цы федтам ӕмӕ цы фехъуыстам, уый тыххӕй нын ӕнӕ дзургӕ нӕй».
Ныр сын, Дунедарӕг, ӕркӕс се ’ртхъирӕнтӕм ӕмӕ Дӕ цагъартӕн ратт ӕхсар, цӕмӕй Дын ӕдӕрсгӕ хъусын кӕной Дӕ Дзырд.
Филипп бавнӕлдта амонынмӕ. Райдыдта Сыгъдӕг Фысты уыцы бынатӕй ӕмӕ йын радзырдта Фарны Уац Йесойы тыххӕй.
Филипп ацыди самариаг сахармӕ ӕмӕ адӕмӕн дзырдта Чырыстийы тыххӕй.
Синагогӕты ӕвӕстиатӕй райдыдта амонын, Йесо Хуыцауы Фырт у, зӕгъгӕ.
Уымӕн ӕмӕ мӕ уынаффӕ уыди, цалынмӕ сымахмӕ дӕн, уӕдмӕ Йесо Чырыстийы йеддӕмӕ, уыимӕ дзуарылтыгъд Йесо Чырыстийы йеддӕмӕ, ницы зонын.
мӕнӕн Йӕ Фырты раргом кӕнын, Йӕ Фарны Уац муртаттӕгтӕм цӕмӕй хӕссон, уӕд адӕмӕй никӕимӕ уынаффӕ кодтон.
Мӕн та мӕхицӕй раппӕлынӕй Хуыцау бахизӕд — раппӕлдзынӕн, нӕ Бардарӕг Йесо Чырыстийы дзуары тыххӕй кӕй хъусын кӕнын, ӕрмӕст уымӕй. Уыцы дзуары фӕрцы мӕнӕн байтыгъдӕуыд дуне, мӕн та — дунейӕн.
хъусын кӕн Хуыцауы дзырд, амон ӕй, фадат дын куы уа, уӕд дӕр ӕмӕ дын куынӕ уа, уӕд дӕр. Цӕстмӕ дар, уайдзӕф кӕн, рӕвдау — амон фӕразонӕй.