Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Апостолты хъуыддӕгтӕ 5:21 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

21 Уыдон ӕм байхъуыстой, сӕумӕйӕ бацыдысты Кувӕндонмӕ ӕмӕ ахуыр кодтой адӕмы. Алчер йе ’мбӕлццӕттимӕ куы ӕрбацыд, уӕд ӕрӕмбырд кодтой синедрион, ома Израилы адӕмы ӕппӕт хистӕрты, ӕмӕ арвыстой ахӕстонмӕ — апостолты ӕрбакӕнынмӕ.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Апостолты хъуыддӕгтӕ 5:21
16 Iomraidhean Croise  

Хамы байзӕддаджы зӕххыл — диссӕгтӕ, Сырх денджызы цур — тасӕфтауӕг хабӕрттӕ.


Ӕз та уын зӕгъын: суанг йе ’фсымӕрмӕ йӕ зӕрдӕйы маст чи хӕссы, уый дӕр дзуапп дӕтдзӕни тӕрхоны раз; йе ’фсымӕрӕн, «ницӕйаг дӕ», зӕгъгӕ, чи зӕгъа, уый дзуапп дӕтдзӕни синедрионы раз; «ӕнӕзонд» ӕй чи рахона, уымӕ та ӕнхъӕлмӕ кӕсы зындоны арт.


Куы сбон ис, уӕд ӕрӕмбырд сты адӕмы хистӕртӕ, хистӕр сауджынтӕ, динамонджытӕ ӕмӕ Йӕ сӕ синедрионмӕ бакодтой.


Пилат загъта: «Ӕмӕ ӕз иудейаг дӕн? Дӕу Мӕ къухмӕ Дӕ адӕм ӕмӕ алчертӕ радтой. Уагӕры цы ракодтай?»


Фӕлӕ райсомӕй раджы ногӕй Кувӕндонмӕ ӕрыздӕхт, ӕмӕ адӕм иууылдӕр цыдысты Уымӕ. Уый ӕрбадт ӕмӕ сын амонын райдыдта.


Ды Йын ӕппӕт адӕмы раз уыдзынӕ ӕвдисӕн ӕмӕ сын дзурдзынӕ, цы федтай ӕмӕ цы фехъуыстай, уый тыххӕй.


Уымӕн ӕвдисӕн сты алчер ӕмӕ израилаг адӕмы хистӕртӕ иууылдӕр. Ӕз уыдонӕй райстон фыстӕджытӕ не ’фсымӕртӕм, дамаскаг иудейӕгтӕм, ӕмӕ ацыдтӕн, цӕмӕй уым дӕр ӕрцахсон уырнджыты ӕмӕ сӕ бафхӕрынмӕ ӕркӕнон Йерусалиммӕ.


Алчер ӕмӕ, йемӕ чи уыди, уыдон иууылдӕр (ома саддукейты къорд) хӕлӕгӕй мардысты.


Ӕрбакодтой апостолты ӕмӕ сӕ ӕрлӕууын кодтой синедрионы раз. Алчер сӕ бафарста:


Фӕлӕ фарисейтӕй иу, Гамалиел, динамонӕг, адӕмы ’хсӕн дзырддзӕугӕ лӕг, сыстад ӕмӕ цыбыр рӕстӕгмӕ апостолты ӕддӕмӕ рарвитын кодта.


Апостолтӕ рацыдысты синедрионӕй ӕмӕ цин кодтой, Йесойы номы сӕраппонд ахӕм ӕфхӕрды аккаг кӕй разындысты, ууыл.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan