18 Ӕрцахсын кодтой апостолты ӕмӕ сӕ сахары ахӕстоны бакодтой.
Уӕздӕттӕ Йеремиамӕ смӕсты сты, фӕнадтой йӕ ӕмӕ йӕ нымӕрдар Йонатаны хӕдзары бамидӕг кодтой, уымӕн ӕмӕ уыцы хӕдзарӕй ахӕстон скодтой.
Иоанны ӕрцахстой, уый фехъусгӕйӕ, Йесо фӕстӕмӕ Галилеймӕ аздӕхти.
Фӕлӕ уӕ ӕппӕт уыдӕтты размӕ райдайдзысты ахсын ӕмӕ ӕфхӕрын, синагогӕты уын тӕрхон хӕсдзысты ӕмӕ уӕ ахӕстӕттӕм кӕндзысты. Мӕ номы тыххӕй-иу сымах паддзӕхты ӕмӕ бӕстыхицӕутты раз ӕрлӕууын кӕндзысты.
Ӕрцахстой сӕ ӕмӕ сӕ райсомы онг бакодтой ахӕстоны, уымӕн ӕмӕ баизӕр.
Савл карз тох райдыдта аргъуаны ныхмӕ, хӕдзӕрттыл зылди, уырнӕг нӕлгоймӕгтӕ ӕмӕ сылгоймӕгты ахста ӕмӕ-иу сӕ ахӕстоны бакодта.
Чырыстийы кусджытӕ сты? Мӕ зонд цыма фӕцыд, ӕз уыйау зӕгъын: ӕз уыдонӕй уӕлдӕр дӕн. Ӕз дзӕвгар фылдӕр бафыдӕбон кодтон, дзӕвгар фылдӕр уыдтӕн ахӕстӕтты, надтой мӕ ӕнӕвгъаудӕрӕй, бирӕ хӕттыты кастӕн мӕлӕты дзыхмӕ.
Аннӕтӕй та кодтой хынджылӕг ӕмӕ сӕ надтой ехсӕй, бастой сӕ рӕхыстӕй ӕмӕ сӕ ахӕстӕтты ӕппӕрстой.
Цы хъизӕмӕрттӕ ӕвзарын дӕ бахъӕудзӕн, уыдонӕй ма тӕрс. Уӕ бафӕлварыны тыххӕй хӕйрӕг сымахӕй кӕйдӕрты баппардзӕн ахӕстоны, ӕмӕ уӕ хъизӕмар ахӕсдзӕни дӕс боны. Мӕлын дӕ куы бахъӕуа, уӕд дӕр-иу баззай иузӕрдионӕй, ӕмӕ дын Ӕз ратдзынӕн хӕрзиуӕг — мыггагмӕйы цард.