4 Апостолтӕм чи хъуыста, уыдонӕй та бирӕтӕ баууӕндыдысты, ӕмӕ ныр уырнджыты нымӕц уыди фондз мины бӕрц.
Иудӕ паддзахы лӕдзӕгӕй ӕнӕхай нӕ фӕуыдзӕн, йӕ байзӕддаг паддзахы бадӕнӕй нӕ фӕхаудзӕн, цалынмӕ, паддзахы бартӕ Кӕмӕ сты, Уый не ’рцӕуа, ӕмӕ адӕмтӕ Йӕ дӕлбар не суой, уӕдмӕ.
Мӕн тыххӕй дзурдзысты, ӕрмӕстдӕр Дунедарӕгмӕ ис рӕстдзинад ӕмӕ хъомыс, зӕгъгӕ». Дунедарӕгмӕ фыдгулы цӕстӕй чи каст, уыдон иууылдӕр ӕрхуддзысты сӕхиуыл ӕмӕ Йӕм ӕрбацӕудзысты.
Уымӕ гӕсгӕ Йын бирӕтимӕ ратдзынӕн хай, хъомысджынтимӕ байуардзӕни ӕфтиаг, уымӕн ӕмӕ Йӕхицӕн равзӕрста мӕлӕт. Фыдгӕнджыты хыгъдмӕ Йӕ бахастӕуыд, афтӕмӕй та Йӕхимӕ райста бирӕты тӕригъӕд, фыдгӕнджытӕн сси хатыркурӕг».
Ӕцӕг уын зӕгъын: мӕнӕуы нӕмыг зӕххыл куынӕ сӕмбӕла ӕмӕ уым куынӕ амӕла, уӕд иу нӕмыгӕй баззайдзӕн. Фӕлӕ куы амӕла, уӕд та ратдзӕни бирӕ хор.
Ӕмӕ йын йӕ ныхасыл чи баууӕндыд, уыдоныл саргъуыдӕуыд, ӕмӕ уыцы бон уырнджытыл бафтыд ӕртӕ мин адӕймаджы бӕрц.
Кад кодтой Хуыцауӕн ӕмӕ ӕппӕт адӕмӕн уыдысты уарзон; Бардарӕг Йесо та сын сӕ нымӕцыл ӕрвылбон ӕфтыдта, ӕрвыста сӕм, кӕй ирвӕзын кодта, уыдоны.
Иуты баууӕндын кодта йӕ ныхасӕй, иннӕты та нӕ уырныдта.