Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Апостолты хъуыддӕгтӕ 4:36 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

36 Зӕгъӕм, апостолтӕ фӕсномыгӕй Варнавӕ (ома Ныфсдӕттӕг) кӕй хуыдтой, уыцы кипраг левит Йосефмӕ уыди зӕххы хай.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Апостолты хъуыддӕгтӕ 4:36
24 Iomraidhean Croise  

Зеведейы фырт Йаков ӕмӕ йе ’фсымӕр Иоанны (радта сын ном «Боанергес», ома «Ӕрвнӕрды фырттӕ»);


Ӕмӕ сӕ ныхас сӕххӕст кодтой: цы сӕм ӕрӕмбырд ис, уый Варнавӕ ӕмӕ Савлимӕ арвыстой аргъуаны хистӕртӕм.


Варнавӕ ӕмӕ Савл, цы сын бафӕдзӕхстой, уый куы сӕххӕст кодтой, уӕд Йерусалимӕй ӕрбаздӕхтысты. Семӕ ракодтой, Марк кӕй хуыдтой, уыцы Иоанны.


Антиохийы аргъуаны уыди пехуымпартӕ ӕмӕ ахуыргӕнджытӕ: Варнавӕ, Нигер кӕй хуындӕуыд, уыцы Симеон, киренӕйаг Лукий, ӕлдариуӕггӕнӕг Иродимӕ чи хъомыл кодта, уыцы Манаин, ӕмӕ Савл.


Ӕгъдау ӕмӕ пехуымпарты чингуытӕй бакӕсыны фӕстӕ сӕм синагогӕйы хицӕуттӕ арвыстой афтӕ зӕгъынмӕ: «Ӕфсымӕртӕ, кӕд уӕм адӕмӕн зондамонӕн ныхас ис, уӕд ӕй зӕгъут».


Иу хатт уыдон Дунедарӕгӕн куы лӕггад кодтой ӕмӕ ком куы дардтой, уӕд сын Сыгъдӕг Уд загъта: «Цы хъуыддагӕн сӕ сӕвзӕрстон, уый саразынӕн Мын раттут Варнавӕ ӕмӕ Савлы».


Варнавӕ ӕмӕ Савл, Сыгъдӕг Удӕй ӕрвыстытӕ, ӕрцыдысты Селевкийы сахармӕ, уырдыгӕй та науыл араст сты Кипрмӕ.


Уӕд се ’ппӕт дӕр ныссабыр сты ӕмӕ хъуыстой Варнавӕ ӕмӕ Павелмӕ. Уыдон дзырдтой, Хуыцау сӕ фӕрцы муртаттӕгтӕм кӕй сарӕзта, уыцы ӕвдисӕйнӕгтӕ ӕмӕ диссӕгты тыххӕй.


Павел ӕмӕ Варнавӕ семӕ не сразы сты, ӕмӕ сӕм стыр быцӕу рауад. Уӕд бауынаффӕ кодтой, цӕмӕй Павел, Варнавӕ ӕмӕ иннӕ ӕфсымӕртӕй цалдӕр ацы хъуыддаджы фӕдыл ацӕуой апостолтӕм ӕмӕ аргъуаны хистӕртӕм Йерусалиммӕ.


Варнавӕйы фӕндыд, Марк кӕй хуыдтой, уыцы Иоанны дӕр ма семӕ акӕнын.


Павел ӕмӕ Варнавӕйы ӕхсӕн быцӕу рауад, ӕмӕ фӕхицӕн сты. Варнавӕ Маркы акодта йемӕ ӕмӕ науыл Кипрмӕ ацыд.


Немӕ ма рацыдысты кесариаг ахуыргӕнинӕгтӕ цалдӕрӕй. Уыдон нӕ ӕркодтой фыццаг ахуыргӕнинӕгтӕй иумӕ — кипраг Мнасонмӕ, цӕмӕй йӕм бафысым кӕнӕм.


Баввахс стӕм Кипрмӕ ӕмӕ йӕ фӕуагътам галиуӕрдыгӕй. Нӕ ных сарӕзтам Сиримӕ ӕмӕ бацыдыстӕм Тирмӕ. Ам хъуыди равдӕлон кӕнын нау.


Уырдыгӕй араст стӕм дарддӕр; Кипры чъылдыммӕ бамбӕхстыстӕм дымгӕйӕ, уымӕн ӕмӕ дымдта нӕ ныхмӕ.


Уӕд ӕй Варнавӕ акодта апостолтӕм ӕмӕ сын радзырдта, Савл фӕндагыл Бардарӕджы куыд федта, Бардарӕг йемӕ куыд дзырдта ӕмӕ Дамаскы Йесойы номыл ныфсджынӕй адӕмы куыд ахуыр кодта, ӕппӕт уыдӕттӕ.


Пехуымпариуӕггӕнӕг та адӕмӕн дзуры, цӕмӕй сӕ сфидар, сразӕнгард кӕна ӕмӕ барӕвдауа.


Ӕви ӕрмӕст мӕнӕн ӕмӕ Варнавӕйӕн нӕй нӕ кусыны бар?


Фӕстӕдӕр, цыппӕрдӕс азы фӕстӕ, Варнавӕимӕ ногӕй ацыдтӕн Йерусалиммӕ, Титы дӕр акодтон немӕ.


Йемӕ цӕстмӕмитӕ кодтой иннӕ иудейӕгтӕ дӕр, суанг ма сӕ Варнавӕ дӕр бафӕзмыдта.


Ӕмӕ мын Хуыцау цы хорзӕх радта, уый куы базыдтой, уӕд Йаков, Кифӕ ӕмӕ Иоанн — аргъуаны цӕджындзтыл кӕй нымайынц, уыдон — немӕ ӕмгуысты нысанӕн мӕнӕн ӕмӕ Варнавӕйӕн райстой нӕ къухтӕ, цӕмӕй мах ацӕуӕм муртаттӕгтӕм, уыдон та — сунӕтгӕндтӕм.


Салам уын дӕттынц, мемӕ ахст чи у, уыцы Аристарх, Марк — Варнавӕйы хӕстӕг (куы уӕм ӕрцӕуа, уӕд ыл баузӕлут, зӕгъгӕ, уын кӕй тыххӕй бафӕдзӕхстӕуыд, уый)


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan