Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Апостолты хъуыддӕгтӕ 4:31 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

31 Куы скуывтой, уӕд, кӕм уыдысты, уыцы бынат нынкъуысти, се ’ппӕтыл дӕр Сыгъдӕг Уд ӕртыхсти, ӕмӕ ӕдӕрсгӕ хъусын кодтой Хуыцауы ныхас.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Апостолты хъуыддӕгтӕ 4:31
17 Iomraidhean Croise  

Ӕз-иу сӕ фехъусдзынӕн, нӕма-иу Мӕм скувдзысты, афтӕ. Сӕ курдиат-иу нӕма зӕгъдзысты, афтӕ-иу сын ӕй сӕххӕст кӕндзынӕн.


Уырнындзинад уӕм куы уа, уӕд, уӕ куывды цыдӕриддӕр ракурат, уый райсдзыстут».


Ӕцӕг уын зӕгъын, ӕцӕг: Мӕныл чи ӕууӕнды, уый араздзӕн, Ӕз кӕй аразын, ахӕм хъуыддӕгтӕ, ӕмӕ йын ноджы стырдӕр хъуыддӕгтӕ саразын дӕр бантысдзӕн, уымӕн ӕмӕ Ӕз цӕуын Мӕ Фыдмӕ.


Сымах Мӕ нӕ равзӕрстат, фӕлӕ уӕ Ӕз равзӕрстон ӕмӕ уын бахӕс кодтон, цӕмӕй цӕуат ӕмӕ дунейӕн пайда хӕссат, уӕ уыцы пайда мыггагмӕ куыд уа, афтӕ. Ӕмӕ уӕд Мӕ номӕй цыдӕриддӕр ракурат Фыдӕй, уый уын ратдзӕни.


Сымах Мемӕ куы уат ӕмӕ Мӕ ныхӕстӕ уӕ зӕрдӕйы куы цӕрой, уӕд уӕ цыдӕриддӕр хъӕуа, уый ракурут ӕмӕ йӕ райсдзыстут.


Павел ӕмӕ Варнавӕ уым фесты бирӕ рӕстӕг; ныфсджынӕй дзырдтой Бардарӕджы тыххӕй, ӕмӕ Йӕ хорзӕхы тыххӕй раст кӕй дзырдӕуыд, уый апостолты фӕрцы Бардарӕг ӕвдыста ӕвдисӕйнӕгтӕ ӕмӕ диссӕгтӕй.


Къуыриты бӕрӕгбон ралӕууыд, ӕмӕ иууылдӕр иумӕ ӕрӕмбырд сты.


Ӕвиппайды цыма уаддымгӕ сыстад, ахӕм уынӕр ӕрыхъуыст уӕлӕрвтӕй, ӕмӕ, кӕм бадтысты, уыцы хӕдзар ӕгасӕй дӕр уынӕрӕй байдзаг.


Се ’ппӕт дӕр схайджын сты Сыгъдӕг Удӕй ӕмӕ райдыдтой алы ӕвзӕгтыл дзурын, Уд сӕ куыд арӕзта, афтӕ.


Иудейаг хицӕуттӕ куы бакастысты, Петр ӕмӕ Иоанн куыд ныфсхаст сты, уымӕ, стӕй, ӕнахуыргонд ӕмӕ хуымӕтӕг адӕймӕгтӕ кӕй сты, уый куы федтой, уӕд раздӕр бадис кодтой, фӕлӕ стӕй бамбӕрстой, Йесоимӕ чи уыд, уыдонӕй кӕй уыдысты, уый.


Ныр сын, Дунедарӕг, ӕркӕс се ’ртхъирӕнтӕм ӕмӕ Дӕ цагъартӕн ратт ӕхсар, цӕмӕй Дын ӕдӕрсгӕ хъусын кӕной Дӕ Дзырд.


Ӕмӕ, ӕз ахст кӕй дӕн, уый ӕфсымӕртӕн сӕ фылдӕры сразӕнгард кодта Бардарӕгыл зӕрдӕ тынгдӕр дарынмӕ, ӕмӕ ноджы ныфсхастдӕрӕй, уӕндондӕрӕй хъусын кӕнынц Хуыцауы ныхас.


Ӕнхъӕлмӕ кӕсын ӕмӕ мӕ зӕрдӕ дарын, ӕз кӕй ницӕмӕй фегад уыдзынӕн, фӕлӕ раздӕрау ныр дӕр кӕй разындзынӕн ныфсджын, ӕмӕ мӕ фӕрцы снамысджын уыдзӕн Чырысти — кӕнӕ мӕ цардӕй, кӕнӕ мӕ мӕлӕтӕй.


Фӕлӕ уӕ кӕд искӕмӕн йӕ зонд фаг не ’ххӕссы, уӕд алкӕмӕн дӕр рӕдауӕй ӕмӕ ӕнӕ уайдзӕфӕй дӕттӕг Хуыцауӕй ракурӕд, — ӕмӕ йын ратдзӕн.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan