29 Ныр сын, Дунедарӕг, ӕркӕс се ’ртхъирӕнтӕм ӕмӕ Дӕ цагъартӕн ратт ӕхсар, цӕмӕй Дын ӕдӕрсгӕ хъусын кӕной Дӕ Дзырд.
Дунедарӕг загъта: «Хъӕр кӕн дӕ тых, дӕ бонӕй, сыкъауадындзау азӕлӕд дӕ хъӕлӕс! Мӕ адӕмӕн, Йаковы байзӕддӕгтӕн, бауайдзӕф кӕн сӕ фыдракӕндтӕ ӕмӕ сӕ тӕригъӕдты тыххӕй!
Ӕркӕс уӕларвӕй, Дӕ кадджын ӕмӕ Дӕ уаз бынатӕй! Кӕм ис Дӕ уарзондзинад, Дӕ хъомыс? Куы ницыуал Дын уынӕм Дӕ бирӕ хӕрзтӕй, Дӕ хорзӕхтӕй!
куы не ’ркӕса уӕларвӕй Дунедарӕг, мӕ хъизӕмар мын цалынмӕ нӕ фена!
О Дунедарӕг! Ӕрымыс нӕ, ӕркӕс нӕм, нӕ худинаг нын фен!
Ды сын, адӕймаг, мадӕр сӕхицӕй тӕрс, мадӕр сӕ ныхӕстӕй. Сындзытӕ ӕмӕ дын каконтау куы уой ӕмӕ семӕ къӕдздымтимӕ цӕрӕгау куы цӕрай, уӕддӕр-иу сын ма фӕтӕрс сӕ ныхӕстӕй, дӕ ныфс-иу ма асӕттӕд сӕ разы, уымӕн ӕмӕ уыдон сты ӕгоммӕгӕс адӕм.
Мӕ Хуыцау, фехъус мӕ! Ӕркӕс-ма, Дӕ ном чи хӕссы, уыцы сахары дуррӕдзӕгъдтӕм! Лӕгъстӕ дын кӕнӕм, нӕ рӕстадӕй ныфсджын кӕй стӕм, уый тыххӕй нӕ, фӕлӕ, Дӕ хорзӕхы аккаг нӕ кӕй скӕндзынӕ, ууыл зӕрдӕ даргӕйӕ.
Ӕз та дзаг дӕн Дунедарӕджы Уды хъаруйӕ, рӕстдзинад ӕмӕ ӕхсарӕй, цӕмӕй Йаковӕн, йӕ азым цӕй мидӕг ис, уый зӕгъон ӕмӕ Израилӕн бамбарын кӕнон йӕ тӕригъӕд.
Уӕд Павел ӕмӕ Варнавӕ ныфсджынӕй загътой: «Хуыцауы ныхас фехъусын кӕнын фыццаг ӕмбӕлди сымахӕн, фӕлӕ йыл кӕй не ’рвӕссут ӕмӕ мыггагмӕйы царды аккагыл уӕхи кӕй нӕ нымайут, уымӕ гӕсгӕ мах цӕуӕм муртаттӕгтӕм.
Павел ӕмӕ Варнавӕ уым фесты бирӕ рӕстӕг; ныфсджынӕй дзырдтой Бардарӕджы тыххӕй, ӕмӕ Йӕ хорзӕхы тыххӕй раст кӕй дзырдӕуыд, уый апостолты фӕрцы Бардарӕг ӕвдыста ӕвдисӕйнӕгтӕ ӕмӕ диссӕгтӕй.
Павел ацыд синагогӕмӕ ӕмӕ ӕртӕ мӕйы дӕргъы ӕдӕрсгӕ пехуымпариуӕг кодта Хуыцауы Паддзахады тыххӕй ӕмӕ адӕмы ӕууӕндын кодта.
Ӕппӕт уыдӕтты тыххӕй зоны, ӕз ныфсджынӕй кӕй разы дзурын, уыцы паддзах. Мӕн нӕ уырны, ӕмӕ уыцы хъуыддӕгтӕй исты басусӕг уа паддзахӕй, уымӕн ӕмӕ уыдӕттӕ фӕскъуым не ’рцыдысты.
Ныфсджынӕй ӕмӕ ӕнӕкъуылымпыйӕ дзырдта Хуыцауы Паддзахады ӕмӕ Бардарӕг Йесо Чырыстийы тыххӕй.
Иудейаг хицӕуттӕ куы бакастысты, Петр ӕмӕ Иоанн куыд ныфсхаст сты, уымӕ, стӕй, ӕнахуыргонд ӕмӕ хуымӕтӕг адӕймӕгтӕ кӕй сты, уый куы федтой, уӕд раздӕр бадис кодтой, фӕлӕ стӕй бамбӕрстой, Йесоимӕ чи уыд, уыдонӕй кӕй уыдысты, уый.
Уыдон та сӕм бартхъирӕн кодтой ӕмӕ сӕ рауагътой — апостолты бафхӕрын сӕ бон нӕ уыди, уымӕн ӕмӕ, цы ӕрцыди, уый тыххӕй адӕм иууылдӕр кад кодтой Хуыцауӕн —
Куы скуывтой, уӕд, кӕм уыдысты, уыцы бынат нынкъуысти, се ’ппӕтыл дӕр Сыгъдӕг Уд ӕртыхсти, ӕмӕ ӕдӕрсгӕ хъусын кодтой Хуыцауы ныхас.
Уӕд ӕй Варнавӕ акодта апостолтӕм ӕмӕ сын радзырдта, Савл фӕндагыл Бардарӕджы куыд федта, Бардарӕг йемӕ куыд дзырдта ӕмӕ Дамаскы Йесойы номыл ныфсджынӕй адӕмы куыд ахуыр кодта, ӕппӕт уыдӕттӕ.
Савл иу цасдӕр уыди семӕ, сӕрибарӕй зылди Йерусалимыл ӕмӕ ныфсджынӕй адӕмы ахуыр кодта Бардарӕджы номыл.
Уӕдӕ ӕндӕр ӕвзӕгтыл чи дзуры, уый кувӕд, цы дзуры, уый ӕмбарын кӕныны курдиат райсыны тыххӕй.
Махмӕ ис ахӕм ныфс ӕмӕ архайӕм ӕргом, ӕдӕрсгӕ;
Ӕмӕ, ӕз ахст кӕй дӕн, уый ӕфсымӕртӕн сӕ фылдӕры сразӕнгард кодта Бардарӕгыл зӕрдӕ тынгдӕр дарынмӕ, ӕмӕ ноджы ныфсхастдӕрӕй, уӕндондӕрӕй хъусын кӕнынц Хуыцауы ныхас.
Куыд зонут, афтӕмӕй нӕ амӕй размӕ Филиппты бафхӕрдтой ӕмӕ дзы хъизӕмӕрттӕ бавзӕрстам, фӕлӕ нӕ Хуыцауы фӕрцы нӕ ныфс бахастам сымахӕн Йӕ Фарны Уац хъусын кӕнынмӕ, кӕд нӕ ныхмӕ тынг карзӕй лӕууыдысты, уӕддӕр.
Фӕлӕ мӕм Бардарӕг ӕрцыд ӕмӕ мӕ сфидар кодта, цӕмӕй Фарны Уац мӕн уылты хъуыстгонд ӕрцӕуа ӕххӕстӕй ӕмӕ йӕ муртаттӕгтӕ се ’ппӕт дӕр фехъусой. Афтӕмӕй мӕ Уый фервӕзын кодта домбайы дзыхӕй.