Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Апостолты хъуыддӕгтӕ 4:24 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

24 Уырнджытӕ сӕм куы байхъуыстой, уӕд ӕмзӕрдӕйӕ скуывтой Хуыцаумӕ: «Дунедарӕг — арв, зӕхх, денджыз ӕмӕ сӕ цыдӕриддӕр ис, уыдоны Сфӕлдисӕг!

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Апостолты хъуыддӕгтӕ 4:24
20 Iomraidhean Croise  

Езекиа Дунедарӕгмӕ скуывта: «О Дунедарӕг, Израилы Хуыцау, херувимтыл Ӕнцайӕг! Ды — дунейы ӕппӕт паддзахӕдты иунӕг Хуыцау! Ды сфӕлдыстай арв ӕмӕ зӕхх.


О Дунедарӕг, нӕ Хуыцау, фервӕзын нӕ кӕн знагӕй! Уадз ӕмӕ ӕппӕт зӕххон паддзахӕдтӕ дӕр базоной, Ды, Дунедарӕг, иунӕг Хуыцау кӕй дӕ, уый».


Ды дӕ иунӕг Дунедарӕг! Ды сфӕлдыстай арв, уӕлӕрвтӕ ӕмӕ ӕппӕт стъалытӕ, зӕхх ӕмӕ йыл цыдӕриддӕр ис, уый, денджызтӕ ӕмӕ дзы цыдӕриддӕр ис, уыдон! Алцӕмӕн дӕр цард ды дӕттыс! Дӕуӕн кад кӕнынц ӕппӕт уӕларвон ӕфсӕдтӕ!


Уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг ӕхсӕз бонмӕ сфӕлдыста арв, зӕхх ӕмӕ денджыз ӕмӕ сӕ цыдӕриддӕр ис, уый, ӕвдӕм бон та ӕрӕнцад Йӕ алы куыстӕй. Уымӕ гӕсгӕ Дунедарӕг сабаты бонӕн раарфӕ кодта, скодта йӕ уаз.


«Ӕз, Ӕз Мӕхӕдӕг куы дӕн уӕ Ныфс, уӕд цӕмӕй тӕрсут адӕймагӕй, уый мӕлӕты фос куы у, тихалӕгӕй уӕлдай куы ницы у?


Зарут Дунедарӕгӕн! Стаут Дунедарӕджы! Уый мӕгуыр лӕджы фыдгӕнджытӕй фервӕзын кӕны!


«О Дунедарӕг Хуыцау! Де ’гӕрон хъомысӕй, Дӕ къухӕй Ды сфӕлдыстай уӕлӕрвтӕ ӕмӕ зӕхх! Дӕуӕн ӕппӕт дӕр у дӕ бон!


«Адӕм, уый цы ми кӕнут? Мах дӕр сымах хуызӕн адӕймӕгтӕ стӕм. Хъусын уын кӕнӕм Фарны Уац, цӕмӕй сымах уӕ мӕнгхуыцӕуттӕй раздӕхат цардӕгас Хуыцаумӕ — арв, зӕхх, денджыз ӕмӕ сӕ цыдӕриддӕр ис, уыдоны Сфӕлдисӕгмӕ.


Ӕмбисӕхсӕвмӕ хӕстӕг Павел ӕмӕ Силӕ куывтой, зарыдысты Хуыцауы кадӕн, ахӕстытӕ та сӕм хъуыстой.


Петр ӕмӕ Иоанны куы рауагътой, уӕд уыдон ӕрцыдысты сӕхионтӕм ӕмӕ радзырдтой, алчертӕ ӕмӕ сын адӕмы хистӕртӕ цы загътой, уый.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan