23 Петр ӕмӕ Иоанны куы рауагътой, уӕд уыдон ӕрцыдысты сӕхионтӕм ӕмӕ радзырдтой, алчертӕ ӕмӕ сын адӕмы хистӕртӕ цы загътой, уый.
Басгӕрстай мын мӕ зӕрдӕ, ӕхсӕвыгон мӕ бафӕлвӕрдтай ӕмӕ мӕм ницы ссардтай хӕрамӕй: мӕ хъуыдытӕ нӕ хицӕн кӕнынц мӕ ныхӕстӕй.
Ӕз бацӕудзынӕн Хуыцауы нывондхӕссӕнмӕ, Хуыцаумӕ — мӕ циндзинады суадонмӕ, стаудзынӕн Дӕ хъисфӕндыры цагъдӕй, о Хуыцау, мӕ Хуыцау!
Адӕймагӕн йӕ бӕллиц куы сӕххӕст вӕййы, уӕд йӕ зӕрдӕ цин фӕкӕны; ӕдылымӕ йӕ фыдбылызы фӕндтӕ ныууадзынӕй зындӕр ницы кӕсы.
Фӕлӕ Дунедарӕгӕн кад чи кӕны, уыдон кӕрӕдзийӕн дзурынц: «Дунедарӕг уыны ӕмӕ хъусы уыдӕттӕ. Чи дзы тӕрсы ӕмӕ Йын кад чи кӕны, уыдоны нӕмттӕ зӕрдылдарӕн чиныджы фыссы».
Павел ӕмӕ Силӕ ахӕстонӕй ӕрцыдысты Лидиайы хӕдзармӕ. Уым фембӕлдысты ӕфсымӕртимӕ, ныфс сӕ бауагътой ӕмӕ араст сты дарддӕр.
диссаджы хуызы цы адӕймаг сдзӕбӕх, ууыл цыди дыууиссӕдз азӕй фылдӕр.
Уырнджытӕ сӕм куы байхъуыстой, уӕд ӕмзӕрдӕйӕ скуывтой Хуыцаумӕ: «Дунедарӕг — арв, зӕхх, денджыз ӕмӕ сӕ цыдӕриддӕр ис, уыдоны Сфӕлдисӕг!