20 Цы федтам ӕмӕ цы фехъуыстам, уый тыххӕй нын ӕнӕ дзургӕ нӕй».
Дунедарӕджы Уд дзуры мӕн уылты, мӕ былалгъыл — Йӕ дзырд.
Фӕлӕ мын Дунедарӕг загъта: «Ӕвзонг дӕн, зӕгъгӕ, ма дзур; кӕдӕм дӕ ӕрвитон, уырдӕм цӕудзынӕ ӕмӕ дын цыдӕриддӕр бафӕдзӕхсон, уыдӕттӕ дзурдзынӕ.
Ӕз загътон: «Сӕ зӕрдыл сын Ӕй нал ӕрлӕууын кӕндзынӕн, нырӕй фӕстӕмӕ Йӕ номы сӕраппонд нал дзурдзынӕн!» Фӕлӕ цыма мӕ зӕрдӕйы арт ссыгъд ӕмӕ ме стджыты мидӕг ахст уыди, уыйау сфӕлмӕцыдтӕн, мӕ бон ӕй бауромын нал уыд.
О зӕрдӕ, зӕрдӕ! Фырвӕллад баци зӕрдӕ фыр рыстӕй, фӕйнӕрдӕм тоны, нал зонын ӕнцой — сыкъауадындзты уасын ӕмӕ тохы хъӕртӕ хъусын.
Ӕз байдзаг дӕн Дунедарӕджы мастӕй, мӕ бон ӕй нал у уромын! «Сывӕллӕттыл, стӕй, уынджы чи ӕрӕмбырд, уыцы лӕппутыл ӕй ныккал! Нӕлгоймӕгтӕ ӕд устытӕ, стӕй, сӕ царды бонтӕ кӕмӕн фӕвӕййынц, уыцы зӕронд лӕгтӕ уацары бахаудзысты.
Ацу хаст адӕммӕ, дӕ адӕммӕ, ӕмӕ сын фехъусын кӕн: „Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау.“ Хъусдзысты дӕм ӕви нӕ, уымӕ-иу ма кӕс».
Домбай куы ныррыха, уӕд чи нӕ фӕтӕрсдзӕн? Дунедарӕг Хуыцау куы зӕгъа, уӕд пехуымпар чи не суыдзӕн?
Ӕз та дзаг дӕн Дунедарӕджы Уды хъаруйӕ, рӕстдзинад ӕмӕ ӕхсарӕй, цӕмӕй Йаковӕн, йӕ азым цӕй мидӕг ис, уый зӕгъон ӕмӕ Израилӕн бамбарын кӕнон йӕ тӕригъӕд.
Ӕмӕ загъта Балаам Балакӕн: «Мӕнӕ дӕм ӕрбацыдтӕн ныр, фӕлӕ мӕ бон дзурын у? Хуыцау мын мӕ дзыхы цы бафтауа, уый дзурдзынӕн».
Арфӕ ракӕнынмӕ ӕвзӕрст ӕрцыдтӕн ӕз: Уый арфӕ ракодта, ӕмӕ йӕ мӕнӕн мӕ бон аивын нӕу.
тӕккӕ райдианӕй сӕ йӕхи цӕстӕй чи федта ӕмӕ Хуыцауы ныхас адӕммӕ чи хӕццӕ кодта, уыдоны уылты.
Иоанны аргъуыды заманӕй Йесойы уӕлӕрвтӕм систы онг — иудадзыг немӕ чи уыд, уыцы лӕгтӕй иуы. Уый дӕр махау хъуамӕ ӕвдисӕн уа Йесойы райгасӕн».
Фӕлӕ Сыгъдӕг Удӕй куы схайджын уат, уӕд уӕм фӕзындзӕни тых, ӕмӕ Мын ӕвдисӕнтӕ уыдзыстут Йерусалимы ӕмӕ ӕгас Иудейы, Самарийы ӕмӕ суанг арвы кӕрӕттӕм».
Силӕ ӕмӕ Тимофей Македонийӕ куы ӕрцыдысты, уӕд Павел йӕ рӕстӕг иууылдӕр бахардз кодта Хуыцауы ныхас амоныныл — иудейӕгты ӕууӕндын кодта, Йесо Хуыцауы Байсӕрст кӕй у, ууыл.
Йесойы Хуыцау райгас кодта, ӕмӕ уымӕн мах не ’ппӕт дӕр стӕм ӕвдисӕнтӕ.
Се ’ппӕт дӕр схайджын сты Сыгъдӕг Удӕй ӕмӕ райдыдтой алы ӕвзӕгтыл дзурын, Уд сӕ куыд арӕзта, афтӕ.
Ды Йын ӕппӕт адӕмы раз уыдзынӕ ӕвдисӕн ӕмӕ сын дзурдзынӕ, цы федтай ӕмӕ цы фехъуыстай, уый тыххӕй.
Царддӕттӕджы та амардтат. Фӕлӕ Йӕ Хуыцау мӕрдтӕй райгас кодта — мах уымӕн ӕвдисӕн.
Ӕппӕт уыдӕттӕн ӕвдисӕнтӕ стӕм мах, стӕй, Хуыцау Йӕ коммӕгӕстӕн кӕй радта, уыцы Сыгъдӕг Уд».