2 Мӕстӕй мардысты апостолтӕм, уымӕн ӕмӕ уыдон адӕмы ахуыр кодтой ӕмӕ дзырдтой, Йесо куыд райгас ис, мӕрдтӕ дӕр афтӕ райгас уыдзысты, зӕгъгӕ.
Ацы хабӕрттӕ хоронаг Санбаллат, Самарийы бӕстыхицау, ӕмӕ Тобиа, аммонаг бӕрнон, куы фехъуыстой, уӕд сын тынг фӕхъыг, израилӕгтӕн, чи сыл ауда, ахӕм чидӕр кӕй фӕзынди, уый.
Иудейӕгтӕ уый бӕрц адӕм куы федтой, уӕд фырхӕлӕгӕй фӕцӕйтыдтой; Павел цы загъта, уыдӕтты ныхмӕ дзырдтой ӕмӕ йӕ ӕлгъыстой.
Эпикурион ӕмӕ стоикон философтӕй иуӕй-иутӕ райдыдтой йемӕ быцӕу кӕнын. Сӕ иутӕ дзырдтой: «Цы зӕгъынмӕ хъавы уыцы дзӕгъӕлдзых?» Иннӕтӕ та: «Ӕнхъӕлдӕн, уый ӕцӕгӕлон хуыцӕуттыл ӕууӕндын кӕны». Уымӕн ӕмӕ сын Павел дзырдта Фарны Уац Йесойы тыххӕй ӕмӕ сын кодта мӕрдтӕй райгасы кой.
Уыцы рӕстӕг стыр змӕст ӕрцыди Бардарӕджы Фӕндаджы ныхмӕ.
Ӕрмӕст иу фыдракӕнд сарӕзтон — сӕ разы лӕугӕйӕ, ӕз хъӕлӕсыдзагӕй загътон: „Абон мын сымах тӕрхон кӕнут, мӕрдты райгасыл мӕ зӕрдӕ кӕй дарын, уый тыххӕй“».
Ома Чырысти фӕхъизӕмар кӕндзӕн, мӕрдтӕй фыццаг Уый райгас уыдзӕн, ӕрхӕсдзӕн рухс иудейаг адӕмӕн ӕмӕ муртаттӕгтӕн».
Хуыцау мӕрдты кӕй ӕгас кӕны, уый, ӕрцӕуӕн кӕмӕн нӕй, ахӕм диссагыл нымайут, ӕви?
Царддӕттӕджы та амардтат. Фӕлӕ Йӕ Хуыцау мӕрдтӕй райгас кодта — мах уымӕн ӕвдисӕн.
Алчер ӕмӕ, йемӕ чи уыди, уыдон иууылдӕр (ома саддукейты къорд) хӕлӕгӕй мардысты.
Йесойы мӕрдтӕй Чи райгас кодта, Уый Уд кӕд уӕ зӕрдӕйы цӕры, уӕд, Чырыстийы мӕрдтӕй Чи райгас кодта, Уый уӕ буар дӕр — мӕлӕтӕн лӕвӕрд — райгас кӕндзӕни, уӕ зӕрдӕйы Чи цӕры, Йӕ уыцы Уды руаджы.
алчидӕр йӕ рӕстӕджы: фыццаг Чырысти, Чырысти куы ’рцӕуа, уӕд та — йӕхионтӕ.