15 Радтой сын синедрионӕй ӕддӕмӕ рацӕуыны бар ӕмӕ райдыдтой уынаффӕ кӕнын:
Ӕз та уын зӕгъын: суанг йе ’фсымӕрмӕ йӕ зӕрдӕйы маст чи хӕссы, уый дӕр дзуапп дӕтдзӕни тӕрхоны раз; йе ’фсымӕрӕн, «ницӕйаг дӕ», зӕгъгӕ, чи зӕгъа, уый дзуапп дӕтдзӕни синедрионы раз; «ӕнӕзонд» ӕй чи рахона, уымӕ та ӕнхъӕлмӕ кӕсы зындоны арт.
Чи сдзӕбӕх ис, уыцы адӕймаджы дӕр уыдтой сӕ разы лӕугӕ ӕмӕ апостолты ныхмӕ ницы зӕгъын уыд сӕ бон.