Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Апостолты хъуыддӕгтӕ 4:13 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

13 Иудейаг хицӕуттӕ куы бакастысты, Петр ӕмӕ Иоанн куыд ныфсхаст сты, уымӕ, стӕй, ӕнахуыргонд ӕмӕ хуымӕтӕг адӕймӕгтӕ кӕй сты, уый куы федтой, уӕд раздӕр бадис кодтой, фӕлӕ стӕй бамбӕрстой, Йесоимӕ чи уыд, уыдонӕй кӕй уыдысты, уый.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Апостолты хъуыддӕгтӕ 4:13
22 Iomraidhean Croise  

Йесо ма ноджы загъта: «Стауын Дӕ, Мӕ Фыд, арв ӕмӕ зӕххы Хицау, Ды адӕттӕ зондджынтӕ ӕмӕ ӕмбаргӕтӕй кӕй басусӕг кодтай ӕмӕ сӕ сабитӕн кӕй раргом кодтай, уый тыххӕй.


Кулдуармӕ куы фӕцӕйцыди, уӕд та йӕ ӕндӕр лӕггадгӕнӕг сылгоймаг базыдта ӕмӕ, уым чи уыди, уыдонӕн загъта: «Ай Назаретаг Йесоимӕ уыди».


Уым чи лӕууыд, уыдон дӕр чысыл фӕстӕдӕр бацыдысты Петрмӕ ӕмӕ йын загътой: «Ды дӕр бӕлвырд уыдонӕй дӕ — де ’взаджы здӕхт дыл комдзог цӕуы».


Йесо арвыста Петр ӕмӕ Иоанны ӕмӕ сын бафӕдзӕхста: «Ацӕут ӕмӕ нын Куадзӕны фынг ӕрӕвӕрут».


Йесо Йӕ мады, стӕй Йӕ уарзон ахуыргӕнинаджы дӕр уым лӕугӕ куы федта, уӕд Йӕ мадӕн загъта: «Уӕ сылгоймаг, мӕнӕ уый — дӕ лӕппу».


Иудейӕгтӕ дис кодтой ӕмӕ дзырдтой: «Ахуыр куы никуы кодта, уӕд Сыгъдӕг Фыст куыд хорз зоны?»


Ацы ӕнӕфенд адӕм та Моисейы Ӕгъдауӕн ницы зонынц, ӕлгъыст сты».


Чи сдзӕбӕх ис, уыцы адӕймаджы дӕр уыдтой сӕ разы лӕугӕ ӕмӕ апостолты ныхмӕ ницы зӕгъын уыд сӕ бон.


Фӕлӕ сын Петр ӕмӕ Иоанн дзуапп радтой: «Ахъуыды-ма кӕнут уӕхӕдӕг, Хуыцауы коммӕ нӕ, фӕлӕ уӕ коммӕ куы кӕсӕм, уӕд уый Хуыцаумӕ раст фӕкӕсдзӕн?


Ныр сын, Дунедарӕг, ӕркӕс се ’ртхъирӕнтӕм ӕмӕ Дӕ цагъартӕн ратт ӕхсар, цӕмӕй Дын ӕдӕрсгӕ хъусын кӕной Дӕ Дзырд.


Куы скуывтой, уӕд, кӕм уыдысты, уыцы бынат нынкъуысти, се ’ппӕтыл дӕр Сыгъдӕг Уд ӕртыхсти, ӕмӕ ӕдӕрсгӕ хъусын кодтой Хуыцауы ныхас.


Уӕд ӕй Варнавӕ акодта апостолтӕм ӕмӕ сын радзырдта, Савл фӕндагыл Бардарӕджы куыд федта, Бардарӕг йемӕ куыд дзырдта ӕмӕ Дамаскы Йесойы номыл ныфсджынӕй адӕмы куыд ахуыр кодта, ӕппӕт уыдӕттӕ.


Савл иу цасдӕр уыди семӕ, сӕрибарӕй зылди Йерусалимыл ӕмӕ ныфсджынӕй адӕмы ахуыр кодта Бардарӕджы номыл.


Фӕлӕ Хуыцау сӕвзӕрста, дунейы цӕсты ӕдылы чи у, уыдоны, цӕмӕй фӕкъӕмдзӕстыг кӕна зондджынты, ӕмӕ лӕмӕгъты — цӕмӕй фӕкъӕмдзӕстыг кӕна тыхджынты.


Раргом уыдзысты йӕ зӕрдӕйы сусӕгтӕ, ӕмӕ уӕд ныддӕлгом уыдзӕн зӕххыл, бакувдзӕн Хуыцаумӕ ӕмӕ зӕгъдзӕн: «Хуыцау ӕцӕгдӕр уемӕ ис».


Махмӕ ис ахӕм ныфс ӕмӕ архайӕм ӕргом, ӕдӕрсгӕ;


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan