Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Апостолты хъуыддӕгтӕ 3:7 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

7 Петр ын рахӕцыд йӕ рахиз къухыл ӕмӕ йӕ слӕууын кодта. Уыцы тӕккӕ уысм тых бацыди рынчыны дыууӕ къахы фады ӕмӕ йӕ уӕрджыты,

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Апостолты хъуыддӕгтӕ 3:7
9 Iomraidhean Croise  

Йесо йӕм бацыд, йӕ къухыл ын рахӕцыд ӕмӕ йӕ рабадын кодта. Сылгоймагӕн йӕ тӕвд ӕрхауд, ӕмӕ сын лӕггад кӕнын райдыдта.


Йӕ къухыл ын ныххӕцыд ӕмӕ йын загъта: «Талита, кум», ома: «Чызг, дӕумӕ дзурын, сыст».


Фӕлӕ йын Йесо йӕ къухыл ныххӕцыд, рабадын ӕй кодта, ӕмӕ лӕппу сыстади.


Йӕ къухтӕ йыл ӕрӕвӕрдта, ӕмӕ сылгоймаг уайтагъд сӕмраст ис ӕмӕ райдыдта Хуыцауы стауын.


Фӕлӕ йын Петр загъта: «Ӕвзист ӕмӕ мӕм сыгъзӕрин нӕй, фӕлӕ дын дӕттын, цы мӕм ис, уый: Назаретаг Йесо Чырыстийы номыл сыст ӕмӕ райдай цӕуын».


алӕууыд йӕ къӕхтыл ӕмӕ райдыдта цӕуын. Кувӕндонмӕ семӕ фӕраст ис ӕмӕ, Хуыцауы стаугӕйӕ, рауай-бауай ӕмӕ гӕппытӕ кодта.


«Цы бакӕнӕм ацы адӕмӕн? Ӕцӕг диссаг кӕй равдыстой, уый Йерусалимы цӕрджытӕ иууылдӕр зонынц, ӕмӕ йыл махӕн дӕр ӕнӕ басӕтгӕ нӕй.


Кӕд нӕ абон рынчын адӕймагӕн хорз ракӕныны ӕмӕ йе сдзӕбӕхы тыххӕй дзуапп домут,


Петр ӕм бадардта йӕ къух, схӕцыд ыл, ӕмӕ Тавифӕ йӕ къӕхтыл слӕууыд. Стӕй Петр фӕдзырдта сыгъдӕджытӕм ӕмӕ идӕдз сылгоймӕгтӕм, сӕ разы сын ӕй цардӕгасӕй ӕрлӕууын кодта.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan